Æмбарынгæнæн ныхас

0
106

Фæндаггон-транспортон фыдбылызтæй сывæллæтты бахизыны хъуыддагмæ ныййарджыты æргом аздахынæн Æрыдоны районы  мидхъуыддæгты хайады автоинспекцийы кусджытæ Нартыхъæуы скъолайы сæрдыгон лагеры сарæзтой дзыллон мадзал «Автокресло – детям».

Фæндагыл цыды фæтк биноныг æххæстгæнинаг кæй у, ахуыргæнæндонмæ æрбацæуæг автоинспектортæ скъоладзауты зæрдыл уый æрлæууын кодтой. Сывæллæттæ хабæрттæ хъазæн уагæй хуыздæр кæй бахъуыды кæнынц, уый хатгæйæ, пъæлицæйы кусджытæ скъоладзаутæн раттой фæндагыл цыды темæйыл сахоринаг нывтæ «Ребенок в кресле». Лагеры фæлладуадзæг ахуырдзаутæ сæ хæслæвæрдтæ зæрдиагæй баххæст кодтой, æмæ афтæмæй амынд темæйæ скъоладзауты зонындзинæдтæ фæфылдæр сты.

Паддзахадон автоинспекци фæндагыл цыды архайджытæн фæдзæхсы: «Хæдтулгæйы хатæны мидæг чи ис, уыцы саби нымад у æппæтæй ахсджиагдæр бæлццоныл, æмæ ацы бæлццоны æдасдзинады фæдыл бæрнондзинад хауы йæ ныййарджытæм. Хæдтулгæйы цыды заман сывæллæттæ цæмæй æдас уавæры уой, ныййарджыты хæс у ууыл архайын».

 РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты министрады
паддзахадон автоинспекцийы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here