Фыццаг хатт равдыстой

0
93

Зындгонд уырыссаг фыссæг, драматург Антон Чеховы райгуырдыл  165 азы кæй сæххæст, уый кадæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты театралон хайады студенттæ Дзæуджыхъæуы Евгений Вахтанговы Хæдзары арт-кафейы сценæйыл фыццаг хатт равдыстой амынд фыссæджы уацмыстæ «Предложение» æмæ «Медведь»-мæ гæсгæ æвæрд театралон миниатюрæтæ.

Студенттæн театралон равдыстытæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы баххуыс кодтой нæ республикæйы адæмон артист Æлбегаты Алан æмæ регионы аивæдты сгуыхт архайæг Цæгæраты Руслан. Университеты æрыгон актертæн Чеховы уацмысты архайджыты æнкъарæнтæ ирдæй равдисын бантыст. Аивадуарзджытæ æрыгон артистты дæсны хъазтæй иттæг райгонд уыдысты æмæ сын тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой.

Ирыстоны театралон аивадæн аккаг фидæн кæй ис, университеты студенттæ сæ дæсны сценикон архайдæй уый бавдыстой. Æрыгон актертæ æмæ сæ разамонджытæн æнтыстджын премьерæйы фæдыл арфæ кæнæм!

 

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here