Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзт æрцыд ведомствæты ‘хсæн къамисы æмбырд. Амыдта йæ бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Еналдыты Хетæг.
Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдоны сæйрагдæртæ уыдысты горæты районты санитарон уавæр æмæ, федералон фæндагмæ æввахс цы горæттæ æмæ хъæутæ ис, уыдонæй хъæбæр коммуналон æппарæццæгтæ куыд ласт цæуынц, уый.
«Регионалон оператор «Эра» стыр куыст кæй кæны, уый дызæрдыггаг нæу, фæлæ абон
Дзæуджыхъæуы цы уавæр сæвзæрд бырон ласыны тыххæй, уымæн быхсæн нæй. Горæты службæтæ сæ размæ æвæрд хæстæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кæнынц. Æнæгабаритон æппарæццæгтæ ласт цæуынц администрацийы хъарутæй, – фæбæрæг кодта Еналдыты Хетæг.
Администрацийы дзуапдæттæг кусджытæ æрвылбон лæмбынæг кæсынц уынгты уавæрмæ, контейнертæ æвæрд кæм сты, уыцы фæзуæттæм. Сбæрæг кæнынц, бырæттæ, куыд æмбæлы, афтæ арæх ласт кæцæй нæ цæуынц, уыцы рæттæ. Хуызистытæ æмæ видеоæрмæджытæ раттой республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Игорь Порт-новмæ. Уый æмбырды архайджытæн фидарæй загъта, æрмæгмæ кæй æркæсдзысты, аххосджынты сбæрæг кæндзысты æмæ сæ кæй бафхæрдзысты.
Дзæуджыхъæуы санитарон уавæр иудадзыг бæрæг кæны горæты хæдзарадмæ цæстдарæг управлени.
ГАПБАТЫ Алетæ














