Æрæджы Беслæны Культурæйы галуаны уыд Рахизфарсы районы Ныхасы æмбырд. Хуынд æм æрцыдысты районы хъæуты администрациты сæргълæуджытæ, сæ Ныхасты сæрдартæ, æндæр бæрнон лæгтæ.
Æмбырд байгом кодта районы Ныхасы сæрдар Токаты Таймураз. Уый цыбырæй радзырдта, боны фæткмæ цы фарстатæ хаст æрцыд, уыдоны тыххæй. Сæ ахсджиагдæртæ сты нæ демографион уавæр, хъомылад æмæ не ‘гъдæуттæ, не ‘взаг сæфты къахыл кæй лæууы, уый. Цы риссаг фарстатæ тыхсын кæнынц адæмы, уыдоны тыххæй ныхасы бар лæвæрд æрцыд Кучиты Русланæн, кæцы дзуапп дæтты не ‘гъдæутты, не ‘взаджы уавæры æмæ хъомылады фарстатæн:
— Раздæр дæр дзырдтам, цы нæ тыхсын кæны, уыцы хъуыддæгтыл. Ныр дæр та Таймураз загъта, цæмæй сыл аныхас кæнæм. Æмæ уыцы нысан ис нæ фембæлдæн.. Мах, Ныхасы уæнгтæ, домæм, фæстаг 2-3 мæйы дæргъы ныффыстам 6-7 фыстæджы хицауадмæ цыдæр домæнтимæ. Зæгъæм, паддзахадон æвзæгты закъон сфидар кæнут, зæгъгæ. Бирæ азты уый нæ Парламентæн сæ бон райсын нæу, дзуапп дæр нын ницы дæттынц нæ депутаттæ. Нæ республикæйы нæм иунæг алайнаг гимнази ис Дзæуджыхъæуы, уый дæр æххæст ирон нæу. Æрмæст райдайæн кълæсты иууылдæр предметтæ иронау ахуыр кæнынц. Фæлæ уый дæр хорз хъуыддаг у, хорз хъуыды. Архайæм ма, цæмæй алы районы дæр иу скъола гом æрцæуа уыцы уагыл. Фæлæ райстам ахæм дзуапп: хорз уаид, бæргæ, фæлæ уымæн бирæ фæрæзтæ хъæуы, æмæ нæм нæй. Дзæуджыхъæуы гимнази дæр Битарты Вячеславы фæрцы сырæзыд æмæ абон дæр уый руаджы кусы, уый хардзæй. Уый уымæн радзырдтон, æмæ мах, «Аланты Ныхас» дæр кусæм не ‘взаджы хъысмæтыл, фæлæ уавæр афтæ у, æмæ нæм фаг хъусæг нæй. Мæнæ нæ цуры ис дæнцæгæн æрхæссинаг Лалыты Лев. Алцыдæр кæны йæхи хъæппæрисæй. Махæй дæр алкæмæн йæ бон цы у, ууыл хъуамæ архайæм. Фыццаджыдæр, хи бинонтæй райдайгæйæ, сыхбæстæй, мыггагæй. Кæд иу кæстæрæн хорз зонд бацамонай, уæд уый дæр стыр хъуыддаг у. Йæ зæрдыл æй бадардзæн, фидæнмæ йæ хæсдзæн æмæ, чи зоны, йæ кæстæртæн дæр амондзæн. Æз афтæ хъуыды кæнын, абоны царды нæ кæстæртыл бамæт кæнæм, уымæн æмæ уыдон нæ фидæн сты. Æмæ ныр æвзæр зонд куы райсой, æгъдауджын куы нæ уой, сæ мадæлон æвзагыл куы нæ дзурой, уæд сом нæ адæммæ цы æнхъæлмæ кæсы, цы хуызæн уыдзæн, уый зын зæгъæн у.
Æгъдауыл, мадæлон æвзагыл, хъомыладыл куыд у мæ куыст, уымæ гæсгæ мæ ныхас дæр уыдоныл у. Цы у æгъдау? Чи фæзæгъы, не ‘гъдæуттæ хæлынц, се ‘ппæты дæр бамбарæн ис, фæлæ æгъдаумæ куы æркæсæм, уæд ыл мæ размæ цы хистæртæ уыдис, уыдон дæр бирæ дзырдтой, архайдтой хъæуты, горæтты, иу æгъдаумæ æрцæуæм, зæгъгæ. Гыццыл чиныг «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ» дæр мыхуыры рацыд, сфидар æй кодтой ирон адæмы съезды дæр. Фæлæ уым цы фыст ис, уыдонæй дарддæр ма царды бирæ æгъдæуттæ ис. Кæстæртæн сæ амонын хъæуы, фæлæ, æнæмæнг – лæмбынæг, ома, цы амонынц, цæй тыххæй сты афтæ, сæ уидаг кæцæй цæуы. Ныртæккæ кæстæртæ цыргъ фарст кæнынц. Дзуапп сын раттæм. Бирæ фæрстытыл лæмбынæг ахъуыды кæнын дæр фæхъæуы. Уæдæ æгъдау цы у, йæ бындур кæцæй рацыд? «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдарæй куы куыстон, уæд дæр, ныр дæр ныффыстам хицауадмæ, Æгъдау Конституцимæ бахæссæм, зæгъгæ, цæмæй дзы фыст уа, нæ царды цы бынат ахсы, уый. Фæлæ ам дæр хъуыддагæй ницы уайы. Равдисут, дам, æй, раздæр кæм фыст æрцыд, уый. Æмæ уый раст у, æцæгæй дæр фыст никуы уыд, афтæмæй та дзы пайда кæнæм, нæ кæстæртæн æй амонæм. Æмæ йыл, æвæццæгæн, бакусын хъæуы, уымæн æмæ бæласæй не ‘рхауд, мыййаг. Нудæсæм æнусы чи райгуырд, уыцы хистæртимæ бирæ фæныхас кодтам, фæкъахтам архивон æрмæджытæ, чингуыты цы фыстой æмæ цы уыдтой раджыйы æгъдæуттæй фысджытæ, ахуыргæндтæ. Цыдæр хатдзæгтæ æртымбыл кодтам æмæ историктимæ, æндæр ахуыргæндтимæ дæр фæныхас кодтам. Æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ. Зæгъæм, хæдзар амайын сфæнд кодта чидæр, уæд райдайы фидар бындур сæвæрынæй. Афтæ куы нæ уа, уæд къултæ хæлдзысты. Цард дæр бындурæй аразгæ у, ома, нæ фыдæлтæм цы дунейы æмбарындзинад уыд, уымæй. Æмæ йæ сфидар кæнын хъæуы фæстæмæ. Хъуамæ зоной, кæд иу диныл хæст не сты адæм, уæддæр, фыдæлтыккон æгъдау цы бындурыл æвæрд уыди, уый. Кæстæртæн сæ куы амонæм, истæмæй нæ куы фæрсой, уæд нæм хъуамæ дзуаппытæ цæттæ уой. Уыдонмæ, семæ ныхас кæнгæйæ, бирæ фæрстытæ вæййы, æмæ хатгай цæттæ нæ вæййæм раст дзуапп раттынмæ. Радзурын сын, мæ зонындзинæдтæ цас сты, уымæ гæсгæ. Фæлæ цæй тыххæй зæгъын? Гыццыл куы нæ бæттæм не ‘гъдæутты сæ уидæгтыл, уæд сæ кæстæртæ нæ исынц. Раст дзуапп дæр ын куы нæ раттай, уæд фарстатæ дæтдзæн æмæ дæтдзæн. Мæ раныхас дæр уымæй æлхынцъ кæнын – не ‘гъдæутты бындур сфидар кæнын хъæуы æмæ йæ афтæмæй кæстæртæн адæттын.
Тынг бирæ дзуаппытæ ратта Кучиты Руслан æмбырды архайджыты фарстытæн дæр.
Джериаты Шамил, Бæтæхъойыхъæуæй:
— Ирон адæм сæфтмæ цæуынц дзурæм æмæ, зæгъын, мæ хъуыдытæ зæгъон. Мæнмæ гæсгæ, рæвдауæндонæй куы нæ райдайæм, уæд нæ ницы рауайдзæн. Бинонтæ, скъола, рæвдауæндон – иумæ баст хъуамæ уой. Уæд ирон æвзагыл дæр иууылдæр дзурдзысты. Уыдис-иу раздæр октябронтæ, ногдзаутæ, фæскомцæдисонтæ, æмæ алы фæлтæрмæ дæр бæрнондзинад уыдис. Бирæтæ хицæуттæ систы, фæскомцæдисæй-иу куы рацыдысты, уæд, уымæн æмæ ахуыр уыдысты бæрнондзинадыл. Æвæццæгæн та уыдон сног кæнын хъæуы.
Зæххы къорийыл нæ лæппутæй бирæ ис, куыстагур ацæуынц æмæ уым цæргæйæ баззайынц. Æмæ ам та къаддæрæй-къаддæр кæнæм. Иу фæндон мæм ис нæ хицауадмæ æмæ сæм æй фæхæццæ кæн, Руслан, баныхас кæнæнт «Аланты Ныхас»-иу æхцаæфснайæн банкимæ æмæ сын ахæм хæс раттæнт, хъуыддаг чи кæны, уыдонæн-иу æнæ проценттæй 200-300 мин сомы цæмæй радих кæной, æмæ сæ уый фæстæ сабыргай бафиддзæн. Иннæ курдиат. Фондз æфсымæры иу хæдзары куыд цæрой, бинонтæ куы скæной, уæд? Рацæуид-иу, фæлæ йын зæххы хай нæй, йæхицæн иу къуым кæм сараза, уымæн. Афтæ скæнæн нæй, хъуыддаг куы кæна лæппу, уæд ма йын æнæкъуыхцыйæ зæххы хай раттæнт. Стæй ма уыцы закъон дæр Конституцимæ бахæссæм. Æрыгон бинонтæ хæдзар куы аразой, уæд сæм сыхæгтæ, хиуæттæ фæкæсæнт. Сæ зæрдæтæ куы райой, уæд сын сывæллæттæ дæр гуырдзæн. Æндæр сын бынат куы нæ уа, уæд сæ кæм хæссой?
Ахæм ахсджиаг фарстытæ ма уыд Токаты Тотрадзмæ Олгинскæйæ, Елхъанаты Эльмæмæ, Лалыты Левмæ. Æмбырды ма раныхас кодтой æмæ сæ хъуыдытæ загътой Уæзæгты Нугзар – Хуымæллæгæй, Хæмыцаты Раман, Цæлойты
Хадзымурат, Бясты Виктор — Беслæнæй, Кцойты Гермæн, Тыбылаты Зелим – районы Ныхасы уæнгтæ, Дзуццаты Валодя – Фарныхъæуæй æмæ иннæтæ. Æмбырд ахицæн хорз хабарæй. Районы Ныхасы сылгоймæгты комитеты сæргълæууæг Тетаты Джульеттæ Кучиты Русланы къухæй райста зæрдылдарæн майдан «Союз женщин России». Беслæны 5-æм скъолайы 11-æм къласы ахуырдзаутæ Мамсыраты Валерия æмæ Косты Омар та бакастысты Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ.
ХОСОНТЫ Земфирæ,
къам систа ХОСОНТЫ Даниэллæ














