Регионалон къæпхæны æппæтуæрæсеон конкурс «Земский почтальон»-ы финалист ссис Хъарман-Сындзыхъæуы цæрæг Æбиты Ритæ. Уый фæ-
уæлахиз нудæс ныхмæлæууæгыл нæ республикæйы алы районтæй æмæ ссис уæлахиздзау.
Æбиты Æхсары чызг Ритæ постхæссæгæй бакуыста 30 азæй фылдæр. Уыимæ ма йын ис 13 хъæбулы хъæбултæ. Æмæ ныр ирон постхæссæг Ирыстоны номæй архайдзæн Мæскуыйы конкурсы федералон къæпхæны.
Газеттæ уарыны размæ фыццаг йæхæдæг базоны ног хабæрттæ, сæ раззаг фæрстæм сын æркæсгæйæ, фæлæ фылдæр уарзы уыдон сæ исджытыл сæмбæлын кæнын. Æбиты Ритæ постхæссæг æнæнхъæлæджы ссис, уый дæр ма цæргæбонтæм.
Æбиты Ритæ у Хъарман-Сындзыхъæуы бастдзинады посты хайады постхæссæг.
– Йæ райдианы-иу раивтон постхæсджыты, стæй мæхæдæг райдыдтон кусын. Уарзын мæ дæсныйад, мæ размæ æвæрд хæстæм бæрнон цæстæй кæсын. Адæм дæр мыл сахуыр сты æмæ мæм æнхъæлмæ фæкæсынц, уæлдайдæр, пенси куы фæуарын, уæд. Æнхъæлмæ фæкæсынц газеттæм дæр. Коммуналон лæггæдтæ бафидыны тыххæй зынцæуæн кæмæн у, ахæм ацæргæ адæймæгтæн æххуыс кæнын, продукттæ дæр сыл сæмбæлын кæнын. Æхсызгон мын вæййы, истæмæй сын куы балæггад кæнын, уæд, – зæгъы Ритæ.
Æбиты чызг алы бон дæр æрзилы 200 хæдзарыл æмæ æппæт цæрджытæн дæр у æхсызгон уазæджы хуызæн. Кæмæн йæ пенси ратты, кæмæн бынæттон хабæрттæ радзуры, кæмæ та йæхæдæг байхъусы. Æмæ се ’ппæтæн дæр у уарзон адæймаг. Ахæм фæлмæн ахаст æм кæй ис, уый йе ’нæзæрдæхудт куыстæй цæуы.
Фистæгæй дæ бирæ цæуын бахъæуы æмæ нæ бафæллайыс, зæгъгæ, йæ бафæрс, уæд дзуапп ратты: «Нæ, фыццаджыдæр, пайда у фистæгæй цæуын. Дыккаджы, сахуыр дæн зындзинæдтыл æмæ сæ нал æнкъарын».
Зымæджы мит æмæ уазалы йæ йæ куыст ныууадзын никуы бафæндыд, уымæн æмæ зоны, адæм æм æнхъæлмæ кæй фæкæсынц, уый.
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы «Уæрæсейаг хъæу»-ы проекты æхсæнадон советы сæрдар Баситы Дзерассæ зæгъы: «Æвзæрстам сæрмагонд барæнтæм гæсгæ постхæссæджы: йæ куысты стаж, йæ æхсæнадон архайд, йæ куыст куыд уарзы, адæмимæ дзурын куыд зоны. Ритæ рагæй кæны ахæм зæрдиаг куыст, æмæ у æппæтуæрæсеон конкурсы архайыны аккаг. Ууыл дзурæг у, 20 конкурсанты ’хсæн хуыздæр кæй ссис, уый дæр».
Хъалæгаты Надеждæ