Ног Бæтæхъойыхъæуы цæрджытæ сбæрæг кодтой сæ дзуары бон. Кувæндоны лæггадгæнджыты хистæр Цъыккаты Æхсарбег (Мур) куыд радзырдта, афтæмæй сæ дзуары бынат равзæрд, арв бæлас кæм æрцавта, уым. Схуыдтой йæ Ног дзуар.
Куывддзаутæн дзы арæзт ис дæргъæй-дæргъмæ саратæ, стъолтæ æмæ бандæттимæ, мæнгагъуыстытæ фæкæсæг, æгъдаудæттæг фæсивæдæн.Ног бæтæхъойыхъæуккæгтæ сæ дзуары бон фæбæрæг кæнынц хурхæтæны мæйы (июны) фыццаг къуырисæры.
Найфаты бынатмæ сæ кувинæгтимæ, мысайнæгтимæ бæрæгбонарæзтæй тындзыдтой хъæуы цæрджытæ. Кувæн бынаты æнæзивæг кæстæртæ — чындзытæ, чызджытæ, лæппутæ – фынгтыл æвæрдтой æртыгай кæрдзынтæ, дзидза æмæ æндæр алыхуызон хæринæгтæ, нуазинæгтæ. Райсомæй кусæртытæ та акодтой нæлгоймаг фæкæсджытæ Туаты Аслан, Цъыккаты Ирбег, Дзодзиаты Олег, Гутонаты Вовæ, Бестауты Генæ, Дзодзиаты Алан, Бызыккаты Ибрагим æмæ иннæтæ. Скувынæн сыр-сыргæнгæ бæгæны сфыхта Цъыккаты Азæ. Чъиритæ скæныны ахсджиаг хъуыддаг та бахæс кодтой Беджызты Светæ, Цæлойты Светæ, Бæзойты Маринæ æмæ Тараты Светæйæн.
Уыцы фæрныг адæм сты, ацы аз фысым куывдæн цы дыууæ сыхы сты, уыдоны — Бзарты æмæ Фидараты номыл уынгты цæрджытæ. Дзуарæн лæггадгæнджыты хистæр радзырдта, цы стыр хуынтæ сæм æрцыд, уыдоны тыххæй дæр. Кусæрттæгтæ сæм æрбарвыстой Олгинскæйæ, Беслæнæй. Сæхæдæг дзуары номыл гал-кусæрттагæй дарддæр ма балхæдтой фыс, хъæуæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдонæн бакувыны тыххæй.
Бæрæгбонмæ хуынд уазджытæ дæр тынг бирæ æрбацыд. Саккаг сæм кодтой Ирыстоны кадджын лæг, таурæгъгæнæг, Мызурæй Едзиты Андрей, Беслæны Уастырджийы æмæ Олгинскæйы кувæндæтты лæгтæ, районы Ныхасы уæнгтæ, районы сæргълæу-уæг Фрайты Сослан, районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Кадиты Юри, районы муниципалон сконды депутатты æмбырды сæрдары хæдивæг Уарзиаты Валери, районы æппæт хъæуты администрациты сæргълæуджытæ…
Æмæ мæнæ куывддзаутæ æрбадтысты дзаг фынгты уæлхъус. Анæрыдысты кувæг лæг
Бадзиаты Ирбеджы табутæ:
– Хуыцау! Абон дæумæ кувæм, æмæ дæм цы хорздзинæдтæ ис, уыдонæй нæ Иры адæмæн хайгæнæг куыд уай, ахæм арфæ нын ракæн! – Сыгъзæрин, бæрзондыл бадæг Уастырджи, дæ ном дын арæм! Нæ бæлццон, нæ фæндаггон, нæ бынатон – де уазæг! Фыдбылызæй сæ куыд хъахъхъæнай, рæствæндаг сæ куыд кæнай, ахæм рæсугъд арфæ сын ракæн!
– Нæ бæлццæтты, Бæтæхъо-йыхъæуæй хæсты цы лæппутæ ис, уыдоны номыл дæр кусарт конд ис, хъуыды сæ кæнæм алкæддæр, æнæфыдбылыз куыд уой, уыцы судзгæ арт куыд ахуыссын кæной, цæхæр дæр дзы куыд нал баззайа æмæ сæ къонатыл дзæбæхæй куыд сæмбæлой, ахæм арфæ сæ уæд!
Уæ дзуары хорзæх уæ уæд, Ног Бæтæхъойыхъæуы цæрджытæ, фылдæр куывдтæ, цины хабæрттæ кæнут!
ХОСОНТЫ Земфирæ,
къамтæ систа
Олеся Кривова