Æрæфы районы Лескены хъæуы фæзынд ног фæлладуадзæн бынат – знон ам æхсызгонæй сæмбæлдысты фыццаг уазджытыл.
Проектыл архайд цыдис 2022 азы февралæй. Лескен æрбынат кодта алæмæты рæсугъд ран, хъæуы алыварс – бæлæстæ æмæ къудзитæй æмбæрзт къуылдымтæ æмæ фæхстæ, Лескены доны рæсугæн та, æвæццæгæн, Иры дзыхъхъы зын ссарæн у. Хуымæтæджы нæ загъта зарæггæнæг Тайсауты Олег: «Париж дæр хуыздæр кæй нæу мæ рæсугъд хъæу Лескенæй».
Ног фæлладуадзæн бынат сарæзтой хохрæбын, ардæм чи æрбацæуа улæфынмæ, уыдонæн дзы ис кæсаг ахсынæн уавæртæ – цъæх-цъæхид донимæ цад. Кæсагæй дын, фæзуаты тагъд рæстæджы цы кафе байгом кæндзысты, уым дæ зæрдæйы фæндон хæринаг сараздзысты.
Уазджытæн дзы ис æнцойуат агъуыстытæ, велосипедæн фæндæгтæ. Фæлладуадзæн бынат йæхи айтыгъта 34 гектары фæзуатыл. Хæстæгдæр рæстæджы дзы сæвæрдзысты глэмпингтæ æмæ æртæуатон чысыл хæдзæрттæ, уыдзæн дзы спортивон æмæ сывæллæттæн хъазæн фæзтæ, цæмæй сæ рæстæг æхсызгонæй æрвитой, куыд хистæртæ, афтæ сабитæ дæр. «Абон райдайдзыстæм нæ уазджытимæ фæлварæн уагыл архайын, цæмæй сбæлвырд кæнæм, цæуыл ма нæ бакусын хъæуы, уыдæттæ. Проекты авналæнтæ уæрæх сты, æмæ дарддæр дæр архайдзыстæм иттæг хорз уавæртæ саразыныл, чи нæм саккаг кæна йæ улæфты рæстæг арвитынмæ, уыдонæн. Ныр та уал æнхъæлмæ кæсæм фыццаг уазджытæм. Тынг зæрдиагæй бацархайдтам, алы лыстæг хъуыддагмæ дæр не ‘ргом аздæхтам, æмæ нæ уырны, бынæттон цæрджытæ æмæ республикæйы уазджытæ нæ архайд æмæ уавæртæй разыйæ кæй баззайдзысты. Стыр бузныг зæгъын, ацы проект царды рауадзынмæ чидæриддæр фæкаст, уыдонæн», – радзырдта нын амалхъом Цæрикъаты Алан.
Ам ма бафтауын хъæуы, фæлладуадзæн базæ æххæстæй кæй срæвдз уыдзæн Кæсагахсæджы бонмæ – 13 июльмæ.
ГАПБАТЫ Алетæ