Грекъаг-ромах хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионат 4-7 июны цыди Омскы. Цы 230 богалы дзы ерыс кодтой, уыдоны ’хсæн нæ уыди Ирыстоны номæй хæцæг богæлттæ. Цы фондз ирон лæппулæджы архайдтой ерысты, уыдон иууылдæр хъахъхъæдтой æндæр регионты спортивон кад.
Ирон богæлттæй æнтыстджындæр рауадысты Остъаты Алан æмæ Хъæбæлоты Витали. Аланæн йæ фыццаг тренер уыди Уæрæсейы сгуыхт тренер Уруймæгты Владимир, фæлæ уый фæстæ йæ мадимæ цæрынмæ ацыдысты æмæ ныр къорд азы ерысты архайы Краснодары крайы номæй. Алан кæд цæргæ Ирыстоны рагæй нал кæны, уæддæр йæ фыццаг тренеримæ йæ бастдзинад нæ халы. Омскы Алан 87 кг онг уæзы
фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ дыккаг хатт ссис Уæрæсейы чемпион.
55 кг онг уæзы Мордовы Республикæйы номæй хæцæг ирон богал Хъæбæлоты Витали йæ сæрæн æрхъуыдыджын архайдæй спортуарзджыты йæхимæ æркæсын кодта. Йæ фыццаг дыууæ ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз стыр хыгъдæй: 9:1-æй рамбылдта Адам Ульбашевы (Мæскуы), 9:0-æй та фæуæлахиз Юрий Тапаайыл (Алтайы край). Æрдæгкæронбæттæны Витали æнæнхъæлæджы рæдыд æруагъта, новосибирскаг богал Виктор Ведерниковимæ хæцгæйæ, æмæ йын фæхæрд 1:4 хыгъдæй. 3-аг бынат рамбулыны ерысты йæ ныхмæлæууæг уыди Алтайы крайы минæвар Алихан Асланов. Сæ фембæлд ахицæн Хъæбæлоты Виталийы пайдайæн 9:0 хыгъдæй, æмæ хорзæхджын ссис бронзæ майданæй.
Ирон богæлттæй ма бронзæ майдан рамбулынмæ хæстæг уыд Джиоты Дмитри (Ямало-Ненецты округ). Уый 82 кг онг уæзы хæстæг уыд кæронбæттæнмæ рацæ-уынмæ: йе ‘ртæ фембæлды фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ, фæлæ æрдæгкæронбæттæны 1:1 хыгъдæй фæхæрд Севастополы минæвар Рафаэль Юнусовæн. Фадат ма йын уыд 3-аг бынат рамбулынæн, фæлæ та уыцы фембæлды дæр 2:2 хыгъдæй уæлахиз лæвæрд æрцыд йæ ныхмæлæууæгæн.
Ирыстоны номæй нæ бæстæйы чемпионаты архайджытæ кæй нæ уыд, уый æнкъард хъуыддаг у. Аххоссæгтыл хъæуы æрдзурын æмæ сæ сраст кæныныл хъуыддагæй бацархайын.
БАСКАТЫ Уырызмæг














