Историйы бирæ æмбæхсæнтæ ис. Абон дæр ма нæ фылдæр хъынцъым кæнынц, нæ егъау, цæст аххæссынхъом кæуыл нæ уыд, фæсарæйнаг бæс-
тæтæ кæй хъомыс нымадтой, уыцы паддзахады фехæлдыл: “Афтæ æнцонæй адæймаг кæм улæфа, æндæр ахæм бæстæ нæ зонын”, — зарæджы ацы ныхæсты æцæгдзинад дæр уыдис, æмæ адæм сæхæдæг цæмæ бæллыдысты, цæмæ тырныдтой, ахæм хъуыды æмбæхст дæр. Фæлæ куыд рауад, афтæ рауад…
35 азы размæ, Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы фыццаг съезды, 1990 азы 12 июны фидаргонд æрцыд Уæрæсейы Паддзахадон хæдбардзинады деклараци.
Уым сæрæвæрæнæн рахастой Уæрæсейы Конституци æмæ йæ закъонтæ. Бæстæйæн аивтой йæ ном, ссис — Уæрæсейы Федераци (Уæрæсе). Зæгъын хъæуы уый, æмæ Уæрæсейы ног истори æвдисæг чи суыдаид, ахæм сæйраг паддзахадон бæрæгбон скæнын райдайæнты нæ бантыст. Адæм æй хорз не ‘мбæрстой, фылдæрæн 12 июнь ссис фæллад суадзыны кæнæ хæдзары, цæхæрадоны истытæ бакусыны фадат. Кæд æмæ-иу уæрæсейаг стырдæр горæтты бæрæгбоны хъуыддæгтæ конд цыдис, уæддæр дзы æппæт дзыллæтæ нæ архайдтой. Æртынфондзазыккон фæндаг алыхуызон рауад, уæрæсейæгтæ уæдмæ цынæ бавзæрстой, цынæ мæгуырад æмæ сайд — паддзахадон æмæ цардыуаджы æмвæзады, ахæм нал баззад. Æгуыдзæг мидæггаг экономикон-социалон æмæ æнæрхъуыды æддагон политикæ, «æрыгон реформатортæ», фæсфурдæй сын цы фæндиæгтæ æрвыстой, уыдонæн нывондæн хастой уæрæсейæгты. Ахæм уыдис æрыгон Уæрæсейы бакаст.
Цалынмæ адæмы зондахасты 12 июнь — куыд Уæрæсейы бон сфидар, уæдмæ рацыд бирæ рæстæг. Уый бабæтгæ у, социалон политикæ сабыргай нывылдæргæнгæ кæй цыд, æддагон ахастдзинæдтæ фидар кæнгæйæ та Уæрæсейы Федераци йæхи стратегион хъуыддæгтыл кæй архайдта, уыимæ. Раздæрау нын фæсарæнтæ амынддзинæдтæ нал æрвыстой, уымæн дзы бынат нал ис, уый бамбæрстой.
Кæд æмæ ног паддзахадæн бындур æвæрыны заман, Цæцæны хæсты цæхæр бамынæг кæнынæн уæды разамынд амал нæ ардтой, уæд фæстæдæр нæ паддзахад гæрзифтонгæй балæууыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты фарсмæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны охыл.
Аразынæй халын бирæ æнцондæр у, æмæ паддзахады пырхæнтыл æваст фидар, хъомысджын, хъæздыг, социалон æгъдауæй ифтонг бæстæ ацаразын уæззау нысан у. Фæлæ, сæххæст кæнæн кæмæн нæй, ахæм дæр æй не схондзынæ.
Æртын фондз азы гыццыл æмгъуыд нæу, уый бæрц дзыллæтæ кæм цæры, æрдзон хæзнатæй хъæздыг чи у, зæхх, дон фаг кæм ис, ахæм паддзахадæн. Хъуамæ нæм мæгуырдзинадыл ныхас æппындæр ма цæуа.
Уæрæсейы Паддзахадон хæдбардзинады деклараци сфидар кæныны боны кадæн, 2001 азы Кремлы цы фембæлд уыдис, уым Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин афтæ загъта: «… Ацы документæй райдыдта нæ ног истори. Граждæнты сæрибартæ æмæ закъоны уæлдæр-
дзинадыл æнцайæг демократон паддзахады истори. Декларацийы сæйраг нысан у граждæнты æнтыстдзинад, бæркад æмæ фæрныгад». Куыдфæстæмæ Уæрæсейы боны патриотон фæлгонц фæфидардæр, нæ уарзон Фыдыбæстæйы хъысмæтæн бæрнон кæй стæм, ахæм иугæнæг национ æууæл бæрæг дарын райдыдта æхсæнады.
Ацы ахсджиаг документ расидт Конституци æмæ йæ закъонты уæлдæрдзинад. Уæрæсейæгтæ уарзынц сæ Фыдыбæстæ, нæ дзы фæлыгъдысты, фæнды сæ кусын, бинонтæ дарын, сæхицæн дæр æмæ паддзахадæн дæр пайда хæссын. Фæлæ бирæ хъуыддæгты æвзарынц къуылымпытæ. Уæддæр се ‘ууæнк нæ сæфы, сæ къухтæ не’руагътой, сæ ныфс нæ сæтты. Паддзахад æрмæстдæр йæ цæрджыты, йæ граждæнты фидар зондахаст, фарны куысты фæрцы у хъомысджын. Уæрæсейæгтæ дæр та 12 июны æхсызгонæй сæмбæлдзысты сæрибар, граждайнаг сабырдзинад æмæ разыдзинады бæрæгбоныл. Раздæрау, зæрдæ закъон æмæ рæстагдзинадыл даргæйæ, æппæт хъуыддæгтæ, фæндтæ æмæ бæллицтæ уыимæ бæтгæйæ.
БУТАТЫ Эльзæ













