Ацы хæдæфсарм, уæздан, хиуылхæцгæ нæртон лæгимæ базонгæ дæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 80 азы кадæн Олгинскæйы скъолайы кæрты Мамсыраты Хаджумары цыртдзæвæны сквер куы гом кодтой, уæд. Уыцы бон Дзанайты Георгийы фырт Зауыр скъолайы музейæн балæвар кодта, Мамсыраты Хаджумары тыххæй 6 стендæй цы информацион-тематикон экспозици сарæзта, уый.
Биологон наукæты кандидат, ахуыргонд агрономы 40 азы наукон куыст баст уыди Цæгат Кавказы зæххыты мæр фæхъæздыгдæр кæнынимæ. Аграрон наукæмæ цы бавæрæн бахаста, ууыл дзурæг сты Уæрæсейы Федерацийы хъæууонхæдзарадон министрад, Адыгей, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Цæцæн, Мæхъхъæл æмæ Дагестаны республикæты, Стъараполы крайы Кады гæххæттытæ. 2011 азæй фæстæмæ разамынд дæтты Дзанайты Азанбеджы номыл Культурæйы хæрзаудæн фондæн.
Зауыримæ ныхас кæнгæйæ, базыдтон, йæ фыд – 20 азы дæргъы Хæххон хъæууонхæдзарадон институты ректор, профессор Георги Георгийы фырты бæллиц 1993 азæй фæстæмæ уыд, цæмæй нæ адæм, стæй æгас бæстæ дæр хъæугæ аргъ скæной Дзанайты Азанбеджы бирæвæрсыг сфæлдыстадæн, æмæ йæ аивад рапарахат кæнынæн сфæнд кодта йæ номыл фонд саразын. Фæлæ цыдæр хъуыддæгты аххосæй йæ къухы нæ бафтыд.
Бирæ азты фæстæ Зауыр раздæхт йæ фыды бæллиц сæххæст кæнынмæ æмæ фæстаг дæс азы бæрц архайдта Ирыстоны хъæздыг æмæ героикон нæртон бынтæ хъахъхъæнын æмæ парахат кæныныл. Æнтысгæ та йын чысыл нæ бакодта. Дзæуджыхъæу – Испани – Хъырым – Цæгатаг полюс – Монголи – Кубæ – Мæскуы – Китай. Ахæм рæсугъд æмæ ирд фæд ныууагъта фонд зæххы алы кæрæтты йæ адæмы хуыздæр минæвæртты героикон нæртон нæмттæ сæнусон кæнын æмæ сæ дунеимæ базонгæ кæныны хъуыддаджы.
Фонды проект «Намысы фæндæгтыл Америкæйæ Азимæ»-мæ гæсгæ 2015 азы Испанийы горæт Фуэнлабрадойы сæвæрдтой егъау цырт таурæгъон сгарæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр Эрнест Хемингуэйы роман «По ком звонит колокол»-ы сæйраг хъайтары пратотип Мамсыраты Хаджумарæн. Йæ автор – Дзанæгаты Зауырбег. Европæ фашизмæй суæгъд кæныны 70 азы бæрæгбон райдайæг монументалон цыртдзæвæн гом кæныны архайдтой Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Алексей Мешков, Уæрæсейы уæлрадон æмæ æххæстбарджын минæвар Испанийы Юрий Корчагин, Уæрæсейы æфсæддон сгарджыты, Ветеранты советы сæрдар, инæлар-лейтенант Юрий Бабоянц, РЦИ-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ иннæ бæрнон адæймæгтæ. Зæгъæн ис, уый кæй ссис нырыккон дунеон ахастдзинæдтæ æмæ культурæйы ахсджиаг цау.
Номдзыд сгарæгæн монументалон цырт байгом кæнынимæ Испанийы баиу фыццаг хатт дунеон сурæттæгæнæн аивад æмæ культурæйы минæвар Дзанайты Василийы фырт Азанбеджы аивады равдыст дæр. Испайнаг æхсæнад стыр цымыдис æмæ æхсызгонæй баззадысты, Азанбеджы Нарты кадджытимæ баст нывтæ фенгæйæ. Фæстæдæр, 2016 азы 9 майы, фонды хъæппæрисæй китайаг горæт Даляньы «Æнæмæлгæ полкъ» кæй хуызистытæ рахаста, уыдонимæ уыд æфсады инæлар Плиты Алыксандры фырт Иссæйы хуыз-ист дæр.
Уымæй афæдз фæстæдæр, майы, Хъырымы Партизанты намысы бон бæрæг кæныны хæдразмæ горæт Керчы æвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары бюст (йæ автор – Тауаситы Станислав). Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæс-
тæг Хаджумар уыд Ныгуылæн, Цæгат-Ныгуылæн, Ленинградаг, Мæскуыйаг æмæ Хуссары фронтты партизанон змæлд аразджытæ æмæ йын разамынддæтджытæй иу. Уыцы цауы егъау ахадындзинад кæй уыд, ууыл дзурæг у, цы бæрнон адæймæгтæ дзы архайдта, уый дæр.
Фондæй нæ ферох иннæ нæртон таурæгъон арктикон хъæбатыр – Кучиты Сергейы фырт Юрийы рухс ном дæр. Уыцы аз 17 августы, Цæгатаг полюс басгарыны 40 азы бæрæгбон, «Уæлахизы 50 азы» атомон ледоколмæ фæхæццæ кодта ирон тырыса Кучиты Юрийы хуызистимæ, æмæ йæ Уæрæсейы Федерацийы атомфлоты разамонæг Вячеслав Рукшай бæрзонд систа атомходы сæрмæ. Сæ экспедици куы фæци, уæд тырыса æмæ Цæгат полюсы географион бынатмæ фæхæццæ кæныны тыххæй сертификат сæмбæлын кодтой лæварæн Бетъырбухы Арктикæ æмæ Антарктидæйы музейыл, уым саив кодта, не ’мзæххонæн дзы цы бынат ис, уыцы
къуым.
Фонд уæлдай æргом здахы нæ номдзыд нæртон лæг Плиты Иссæмæ. 2017 азы Монголы сæйраг горæт Улан-Баторы Зайсаны монгойлаг адæмы суæгъд кæныны тыххæй цы советон адæм фæмард, уыдоны мемориалы æвæрд æрцыд бюст Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Монголийы Хъæбатыр Плиты Иссæ-
йæн, сарæзта йæ скульптор Хайты Ибрагим. Уый фæдыл кадджын уавæры архайдтой Ирыстоны, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Советы уæнгты минæвæрттæ, Монголийы Хъахъхъæнынады министрады горæт Улан-Баторы уæнгтæ. Уыцы гуманитарон цауæн, официалон уавæры сæмбæлгæйæ, стыр аргъ скодта æмæ УФ-йы делегацийæн арфæйы ныхæстæ загъта Монголийы президент Х. Баттулги.
Стыр Уæлахизы 75 азы бæрæггæнæн бон 2020 азы Гаванæйы Мемориалон комплексы хæстон-интернационалист, Кубæйы советон æфсады къордæн (1962-1963 азты), фыццаг командæгæнæг Плиты Иссæйæн байгом кодтой мемориалон цыртдзæвæн (йæ автор – Хайты Ибрагим).
Уыцы кадджын æмбырды раныхасгæнджытæ, нæ бæстæйы минæвар Андрей Гуськов æмæ революцион Гæрзифтонг Тыхты политикон управленийы хицау
Х. Мендес радзырдтой Плиты Иссæйы диссаджы профессионалон æмæ адæймаджы миниуджыты, дыууæ бæстæйы ’хсæн бастдзинæдтæм цы егъау æвæрæн ба-
хаста, уыдæтты тыххæй.
Дзанайты Азанбеджы номыл Культурæйы фонды хъæппæрисæй 2020 азы 11 майы горæт Улан-Баторы граждайнаг минæвæртты Хуралы президиумы уынаффæмæ гæсгæ, Монголийы сæйраг горæты 49-æм скъолайæн лæвæрд æрцыд Плиты Иссæйы ном.
2021 азы агъоммæ Мæскуыйы Поклонон хохыл Уæлахизы Музейы æвæрд æрцыд Плиты Иссæйы бюст.
Дзанайты Зауыр 2023 азы Мамсыраты Хаджумары 120 райгуырды азы кадæн сарæзта информацион-тематикон экспозици 6 стендæй æмæ йæ балæвар кодта Мæс-
куыйы 1234-æм скъолайæн. Уый саив кодта, хъæбатыры номыл скъолайы цы мемориалон бынат сарæзтой, уый.
2024 азы ма уыцы скъолайы музейæн фонд балæвар кодта УСФСР-ы Адæмон нывгæнæг Дзанайты Азанбеджы конд æфсады инæлар Плиты Иссæйы портрет. 2025, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы аз, уыцы скъолайы ахуырдзаутæ ахуыр кæнын райдыдтой Плиты Иссæйы биографи. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы кадæн Мæскуыйы 1234 скъолайы сфидар кодтой æфсæддон-патриотон клуб «Ксанти». Йæ сæйраг нысан у Уæрæсейы фæсивæды патриотон удварн сног кæнын æмæ хъæбатыры ном парахат кæнын, хуыздæр æй базонын.
Нæртон лæгты нæртон фæндæгтæ Америкæйæ Азимæ сног кодта, равдыста сæ дунейæн Дзанайты Азанбеджы номыл Культурæйы хæрзаудæн фонд йæ нæртон ра-
замонæг Дзанайты Зауыры фæрцы, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ.
Касаты Батрадз