Паспорт ногæй сарæзтой

0
242

Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ 85-аздзыд суадаггаг Челдыты-Сихъоты Фузæйæн уæрæсейаг пас-порт ын ногæй саразыны хъуыддаджы баххуыс кодтой.

Уæрæсейы Федерацийы гражданины сæфт паспорт ногæй саразын мын бах-хуыс кæнут, зæгъгæ, афтæ фыст кæм уыд, амынд сылгоймаг миграцион службæмæ ахæм курдиат барвыста. Фузæйы ныхасмæ гæсгæ, бинонтæн хъæугæ гæххæттытæ аразыны заман документ фесæфт.

Сылгоймаг ацæргæ кæй у, уый нымайгæйæ, æмбæлгæ хъуыддæгтæ сæххæст кæныны фæстæ миграцион службæйы кусджытæ рахастой Фузæйæн йæ паспорт комкоммæ йæ
хæдзармæ бахæссыны уынаффæ.

Уæрæсейы боны агъоммæ Алагиры районы мид-хъуыддæгты хайады кусджытæ Алæджыхъоты Алинæ, Габысаты Вероникæ æмæ Бæззаты Миланæ карджын сылгоймаджы цæрæнуатмæ бацыдысты æмæ йын йæ ногарæзт паспорт радтой. Документ дæттыны рæстæг пъæлицæйы кусджытæ Фузæйæн æрбахæццæуæвæг Уæрæсейы боны фæдыл раарфæ кодтой. Ацæргæ сылгоймаг ногарæзт паспорт ын цыбыр рæстæгмæ кадджын уавæры раттæг пъæлицæйы кусджытæн бузныг загъта.

 

Гæззаты Зæринæ
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here