Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы активисттæ цæст дарынц сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъд æмæ дзæбæхкæнынады бынæттæм. Ацы куыст æххæст кæнынц партион проект «Фидар бинонтæ»-мæ гæсгæ.
Партийы минæвæрттæ бабæрæг кодтой æна-хъомты социалон реабилитацийы центр «Хæлар зæрдæ». 39 сывæллоны сæ фæллад уадзынц амынд центры сæрдыгон лагеры. Фæлладуадзджыты фылдæр хай сты цыбыркъух бинонты сывæллæттæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты цот.
Партион проекты активисттæ хуыссæнуæтты, ирхæфсæн бынæтты, хæрæндон æмæ медицинон стационары уавæрмæ æркастысты, стæй, зынгсирвæзты æдасдзинады уагæвæрдтæ æххæстгонд цæуынц æви нæ, уый æмæ лагеры хъахъхъæнынад сбæлвырд кодтой.
– Лагеры куыстæй райгонд стæм. Ам сывæллæттæ сæ рæстæг æрвитынц нывыл уавæрты, боны дæргъы сын фондз хатты хойраг дæттынц, фæлладуадзджытæн ис нывыл ирхæфсæн бынæттæ (уыимæ – футболон фæз). Хуыссæнуæттæ æмæ медицинон кусæнуат ифтонггонд сты хъæугæ дзаумæттæй. Лагеры
фæзуат хъахъхъæнынц, ис дзы сывæллæтты ласынæн сæрмагонд автобус, зынгсирвæзты æдасдзинады нормæтæ æххæстгонд цæуынц, – загъта амынд проектмæ регионалон цæстдарæг Хъуысаты Амырхан.
Партион проекты активистты сæйраг хæс у сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъд хъæндзинæдтæй бахизын.
– «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ бинонтæ æмæ сывæллæтты хъахъхъæнынадмæ здахы стыр æргом. Сæрды кæроны онг партион активисттæ сывæллæтты фæллад-уагъды уавæртæм цæст дардзысты, – бафиппайдта Хъуысайы-фырт.
Санаты Альбинæ














