Бетъырбухы йæ куыст райдыдта Дунеон экономикон форум

0
227

Знон Бетъырбухы йæ куыст райдыдта XXVIII-æм Дунеон экономикон форум. Уыцы æрвылазон дунеон равдысты архайы Цæгат Ирыстоны делегаци дæр. Регионы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй республикæйы делегаци  архайдзæн форумы пленарон æмæ секцион æмбырдты, бафысдзысты æмгуыстады бадзырдтæ егъау компанитæ æмæ бæстæйы иннæ субъектты минæвæрттимæ.

Дунеон равдысты агъоммæ Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты министр Сокаты Марат куыд радзырдта, афтæмæй бафыссынмæ цæттæ сты æмархайды бадзырдтæ УФ-йы Транспорты министрадимæ, автономон æнæкоммерцион иугонд «Уæрæсе – уæрæх авналæнты бæстæ»-имæ, Адæмты хæлардзинады уæрæсейаг университетимæ, Чувашийы республикæ æмæ Ханты-Мансийскы автоном зылдимæ… Уыцы бадзырдтæ баст уыдзысты экономикæйы, ахуырады, культурæ æмæ иннæ къабæзты уæрæх æмгуыстад рапарахат кæнынимæ.

Егъау компанитæ æмæ бæстæйы регионты минæвæрттимæ фембæлдтытæй уæлдай, цæгатирыс-тойнæгтæ архайдзысты бирæ алыхуызон тематикон сесситы  дæр. Уыдоны сæйраг темæтæ уыдзысты чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзт, инвестицион проекттæ, креативон индустритæ, нырыккон технологитæ, дунеон экономикон æмгуыстад æмæ æндæртæ.

– Бетъырбухы Дунеон экономикон форумы фæрцы махæн ноджыдæр ма иу фадат ис, цæмæй равдисæм Цæгат Ирыстоны экономикон æмæ инвестицион хъомыс, цæмæй иумæйаг пайдайаг хъуыддæгтыл æрдзурæм фидæны инвестортимæ, иннæ регионты минæвæрттимæ. Нæ зæрдæ дарæм, форумы агъоммæ цы бадзырдты проекттæ бацæттæ кодтам, уыдон фидаргонд кæй æрцæудзысты, ууыл, – ахæм хъуыдыимæ раныхас кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Бетъырбухы экономикон форум сси егъаудæр æмæ ахсджиагдæр ахæм дунеон равдыстытæй иу. Форумæн бындур æвæрд æрцыд 1997 азы. 2006 азæй фæстæмæ равдыст арæзт цæуы Уæрæсейы Президент Владимир Путины цæстдардæй. Ацы хатт форумы архайæг суыдзысты 140 бæстæйы минæвæрттæ.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here