Сбæлвырд кодтой сæ æмгуыстады нысантæ

0
207

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта Наркотикты ныхмæ
республикон къамисы æмбырд. Цы фарстатæм æркастысты, уыдоны ‘хсæн – нæ регионы фæзуаты цы æфсæддон хæйттæ ис, уыдоны æмгуыстад барадхъахъхъæнæг хицаудзинад æмæ æххæстгæнæн оргæнтимæ наркотикты зилдух æмæ парахат кæныны ныхмæ, фæсивæдимæ æмбарынгæнæн куыст, стæй, адæймаджы организмæн стыр зиан чи хæссы, ахæм тыхджын хостæ афтектæй уæй кæныны хъуыддаджы ныхмæ хъæддых лæууын.

Æмбырды архайдтой Сæйраг федералон инспектор Цæгат Ирыстоны Сергей Гончаров, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, Наркотикты ныхмæ республикон къамисы аппараты разамонæг Луизæ Лебедева, барадхъахъхъæнæг, цæстдарæг оргæнтæ æмæ æфсæддон хæйтты республикæйы паддзахадон хицаудзинад æмæ районты минæвæрттæ.  Æмбырд гом кæнгæйæ, Сергей Меняйло бахахх кодта, æппæт структурæты æмгуыстад ахсджиаг кæй у, райдай кæрæдзийæн информацийæ хай кæнын æмæ наркотикты æнæзакъон зилдухы чи архайы, уыдоны ныхмæ æмбæлгæ уынаффæ рахæссынæй фæу.

– Национ æдасдзинадæн раздæрау стыр тасдзинад æвзæрын кæны наркотикты æнæзакъон зилдух. Уыцы хъылмайæн йæ бындуримæ куы тох кæнæм, уæд дзæвгар къаддæр уыдзæн, чи дзы пайда кæны, уыдоны нымæц, – фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.

Фембæлды архайджытæ сбæлвырд кодтой сæ æмгуыстады нысантæ. Уымæй уæлдай, æркастысты æнахъомты наркотикты æнæзакъон зилдухæй бахъахъхъæныны, сæрды сæ фæлладуадзæн рæстæджы фæлгæты алыхуызон профилактикон хыгъдты чи лæууы, уыцы æнахъомтæн лагерты наркотикты ныхмæ дзæбæхгæнæн кампани саразыны фарстатæм.

РЦИ-Аланийы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан куыд загъта, афтæмæй сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани сабитæ æмæ фæсивæды æнæниздзинад фидар кæныны вазыгджын хъуыддаг у, уыцы рæстæг сын арæзт æрцæуы алыхуызон мадзæлттæ се ‘нæниздзинады уавæр фæхуыздæр кæнынæн, сæ фæллад суадзынæн, стæй се ‘хсæн æнæниз цардыуаг парахат кæнынæн. Уæлдай стырдæр ахадындзинад ис ахæм куыстæн сæрды каникулты, скъолайы хъомыс куы фæлæмæгъдæр вæййы, уæд.

Афтектæ æмæ медицинон организацитæ наркотикты, адæймагæн знаггадхæссæг тыхджын хосты зилдухы цы барадхалæн хъуыддæгтæ æруадзынц, уыдоны ныхмæ архайды тыххæй радзырдта «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг дæлхайады разамонæг Ольгæ Давыдова. Куыд загъта, афтæмæй сæ специалисттæ 2024 аз æмæ ацы азы райдайæнæй сарæзтой 22 контролон-цæстдарæн мадзалы, дыууæ протоколы административон барадхалæн хъуыддæгты тыххæй, чи сæ æруагъта, уыцы бынаты кусджыты ныхмæ. Лæвæрд æрцыд 455 развæдзæхстытæ ахæм хъуыддæгтæ фидæны не ‘руадзыны тыххæй. 356 развæдзæхсты дзы æххæст æрцыдысты, 99 тыххæй та æрмæджытæ раттой республикæйы прокуратурæмæ.

Архайынц интернеты хызты æххуысæй, закъон парахат кæнын кæй нæ уадзы, ахæм тыхджын хостæ уæй кæныны тыххæй информаци чи дæтты, уыцы сайтты ныхмæ, æхгæнынц сæ. Афтæ, «Роспотребнадзор»-ы дæлхайад фаронæй нырмæ сæхгæдта 396 ахæм сайты, уыдонæй 41 – 2025 азы.

Æмбырды кæронбæттæны загъд æрцыд, ныртæккæ кæй цæуы наркотикты ныхмæ арæзт æмæ æнæниз цардыуаг парахатгæнæн æппæтуæрæсеон мæйон. Уымæ гæсгæ, Наркотикты ныхмæ республикон æмæ муниципалон къамисты уæнгтæн фæдзæхст æрцыд сæ архайд фæхъомысджындæр кæнын.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here