Депутаттæ – Æрыдоны районы

0
199

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советæн уыд æмбырд Æрыдоны районы. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ байхъуыстой, ивгъуыд азы районы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнты тыххæй, стæй, национ проекттæ сæм куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Баситы Владиславы раныхасмæ. Уый бæстон радзырдта, зæххы хæйттæ хаццоны дæттын æмæ хъалонтæ æмбырд кæныны куыст  куыд цæуы, хæсдарджынты ныхмæ цы мадзæлттæй архайынц, стæй, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, фæндæгтæ аразыны, культурæ æмæ социалон-экономикон иннæ къабæзты цавæр ивддзинæдтæ æрцыд, æппæт уыдæтты тыххæй.

Уыцы къабæзтæн районæн сæ ахсджиагдæр у хъæууон хæдзарад. Æрдзон уавæртæ сæ ивгъуыд аз кæд бахъыгдардтой, уæддæр фосдарынады куысты  ис зæрдæрухсгæнæн бæрæггæнæнтæ. Программæ «Агростартап»-мæ гæсгæ районы фосдарджытæн лæвæрд æрцыд фараст гранты 29,5 милуан сомы аргъ фосдарынады, кæсæгтæ, кæрчытæ æмæ мыдыбындзытæ дарыны куыстадтæ рапарахат кæнынæн. Куыст цæуы зайæгойты къабаз размæ ракæныныл дæр. Уæлдай æргом здæхт цæуы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад рапарахат кæныныл дæр. «Абоны онг ахæм субъектты нымæц районы у 736, æдæппæтæй дзы кусы 585 адæймаджы, кусджытæн сæ рæстæмбис мызд у 41,3 мин сомы», – загъта Басийы-фырт.

Æрыдоны районы экономикон уавæры фæдыл ныхас кодта æмæ йæ дарддæры рæзты гæнæнтæ бацамыдта Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Качараты Олег. Куыд загъта, афтæмæй, районы бюджет цæмæй ма фæкъуылымпы уа, уый тыххæй йын ивгъуыд аз республикон бюджетæй уæлæмхасæнæй лæвæрд æрцыд 56,3 милуан сомы. Уыцы æхцайæ район бафыста, коммуналон лæггæдтæй цы хæстæ дардта, уыдон, стæй – бюджетон къабазы кусджытæн сæ мызд. Зæххы хæйттæ хаццоны чи райста, уыдон се ‘ппæт хъалон, куыд æмбæлы, афтæ нæ фидынц, уый аххосæй уыцы хæс ацы азы апрелы райдайæнмæ уыд 41,20 милуан сомы. Хæсдарджытимæ цæуы æмбæлгæ куыст. Промышленносты къабаз районы у уæлдай зæрдæхсаинагдæр, уымæ гæсгæ раныхасгæнæг йе ‘ргом аздæхта ацы фарстамæ.

Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги йæ ныхас уыд, социалон политикæйы фарстатæ районы куыд лыггонд цæуынц, уый фæдыл. Депутат бафиппайдта, дохтыртæй хъуаг район кæй не ‘ййафынц, хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ та æппæт цæрджытыл дæр кæй æххæссынц, уый. Рацаразинаг хъуыддæгты ‘хсæн ранымадта Æрыдоны, стæй Фыййа-джыбыл æмæ Кировы хъæуты культурæйы хæдзæрттæ дæр.

Советы æмбырды фæстæ Тускъаты Таймуразæн уыд фембæлд Æрыдоны районы амалхъомтимæ. Ныхас цыд чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомтæн паддзахадон æххуысы мадзæлттыл; арæзтадон æмæ агротуризмы къабæзтæ размæ ракæныны гæнæнтыл; сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй амалхъомадон куыст кæнын чи райдыдта, стæй, æрыгон уæвгæйæ, амалхъомадон куыстыл чи фæцалх, уыдонæн уæлæмхасæн зæрдæдарæнтыл, экологи, мæры хæрзхъæддзинад бахъахъхъæнын æмæ æндæр фарстатыл. Фембæлды архайджыты æппæт фарстытæн дæр Парламенты Сæрдар ратта бæстон дзуаппытæ.

Æрыдоны районы уæвгæйæ, Тускъаты Таймураз ма бабæрæг кодта, «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт»-ы паддзахадон программæмæ гæсгæ бындуронæй рацарæзт чи æрцыд, Нарты хъæуы уыцы рæвдауæндон, Æрыдоны районы центрон рынчындон æмæ кæсагдарынады куыстгæнæг æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Рокос».

– Бынæттон цæрджытимæ комкоммæ ахæм фембæлдтыты рæстæг адæймаг хæстæгдæр базонгæ вæййы сæ тыхстаг фарстатимæ. Хорз сæ куы зонай æмæ сæ куы æмбарай, уæд сæ алыг кæнынæн дæр мадзæлттæ æнцондæр арæн вæййынц, – йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, загъта Тускъаты Таймураз.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here