Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры уыд номдзыд кафæг æмæ балетмейстер Битарты Зауырбеджы номыл хъаматимæ кафджыты фыццаг дунеон фестиваль-конкурс «Зауырбег». Сæ арæхстдзинад æвдыстой профессион кафты аст дæсныйы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон, Хъæрæсе-Черкеси, Стъарапъолы край, Адыгей, Кæсæг-Балхъар æмæ Цæцæны республикæтæй.
Номдзыд кафæг æмæ балетмейстер Битарты Зауырбеджы номыл сæрмагонд фестиваль-конкурс саразыны фæнд æрцыд Цæгат Ирыстоны адæмон кафты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг, зындгонд кафæг, Уæрæсейы Федераци æмæ нæ республикæйы адæмон артист Къозаты Зелимханмæ. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты Цæгат Кавказы адæмон кафты профессион ансамбльты разамонджытæ æмæ Битарты мыггаджы минæвæрттæ.
Фестиваль-конкурс «Зауырбег» Ирон театры цы изæр цыд, уый размæ йæ саразджытæ æмæ архай-джытæ, нæ республикæйы аивад æмæ культурæйы кусджытæ, Битарты мыггаджы хистæртæ, Зауырбеджы хиуæттæ дидинджытæ сæвæрдтой номдзыд балетмейстеры ингæныл.
Фестиваль-конкурс «Зауырбег»-ы архайджытæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
– Ацы фестиваль-конкурс арæзт кæй æрцыд, уый у стыр æхсызгон цау Цæгат Кавказ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны аивад æмæ культурæйы нырыккон историйы. Дæсны кафæг æмæ хореограф, балетмейстер Битарты Зауырбег йæ царды алы уысм æмæ къахдзæф баста кафты аивадимæ æмæ йын йæ фæстаг сулæфты онг фæкодта зæрдиаг æмæ бæстон лæггад. Ахæм лæгтæ сты нæ сæрыстырдзинад æмæ фарн, кафджытæ æмæ аивады кусджыты фæлтæртæ дæнцæг хъуамæ кæмæй исой, ахæм хæрзгæнджытæ æмæ
рухстауджытæ. Битарты Зауырбеджы хуызæн лæгты ном, ахæм фестивальтæ аразгæйæ, куы арæм, уæд нæ фидæн уыдзæн рæсугъд. Йæ саразджытæ æмæ архайджытæн, кафты аивад чи уарзы, уыцы адæмæн се ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы сæ цард æмæ архайды стыр æнтыстытæ, амонд æмæ фæрныгад, – загъта Тускъаты Таймураз.
Хъаматимæ кафты дунеон фестиваль-конкурсы йæ арæхстдзинад чи æвдыста, уыцы курдиатджын фæсивæдæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ – Адæмон кафты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг Къозаты Зелимхан, Адæмон кафты паддзахадон академион ансамбль «Кабардинка»-йы аивадон разамонæг, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Игорь Атабиев, зындгонд кафæг æмæ балетмейстер Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Рамзан Ахмадов.
Хъаматимæ кафты сæ арæхстдзинад чи æвдыста, уыдоны ‘хсæн архайджыты дипломтæ райстой – Ахмад Кудаев, Руслан Сиюхов, Дудайты Азæмæт, Азамат Ионов, фестиваль-конкурсы диплом æмæ сæрмагонд приз саккаг кодтой Джиоты Павелæн.
Хъаматимæ кафты дæсныдæр æмæ арæхстджындæртæ разындысты: Годжыцаты Аслæнбег – бацахста фыццаг бынат. Лæвæрд ын æрцыд 1-аг къæпхæны диплом, 30 0000 мин сомы æмæ статуэткæ. Дыккаг бынатмæ рацыд Азамат Алакаев. Лæвæрд ын æрцыд 2-аг къæпхæны диплом æмæ 200 000 мин сомы преми. Æртыккаг бынат бацахста Даниэль Малхасян. Лæвæрд ын æрцыд 3-аг къæпхæны диплом æмæ 100 мин сомы.
Хъаматимæ кафты фестиваль-конкурс «Зауырбег» саразджытæ æмæ архайджытæн, уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодтой: Битарты Таймураз æмæ йе ‘фсымæр Вячеслав, Адæмон кафты паддзахадон ансамбль «Вайнах»-ы раздæры концертмейстер, зындгонд музыкант, Цæцæны Республикæйы адæмон артист Рамзан Паскаев.
Ирон æмæ Цæгат Кавказы цæрæг адæмты кæфтытæ кæнынæй фестивалы сæ арæхстдзинад равдыстой адæмон кафты паддзахадон ансамбль «Алан»-ы артисттæ. Фестивалы кадджын уазджытæй иу уыд зындгонд кафæг æмæ балетмейстер Битарты Зауырбеджы бинойнаг Рубайты Заремæ. Залы бадæг адæм ын арфæ ракодтой тыхджын къухæмдзæгъдæй æмæ йын балæвар кодтой рæсугъд дидинджыты баст.
Фестиваль-конкурсы æвдыст æрцыд зындгонд кафæг æмæ хореограф, балетмейстер Битарты Зауырбеджы цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг мидисджын документалон киноныв. Нæ республикæйы адæмон артист, курдиатджын зарæггæнæг Тайсауты Олег фестивалы кæронбæттæн азарыд Битарты Зауырбеджы номыл Хъазиты Алыксандр æмæ Золойты Беллæйы фыст зарæг.
ГАСАНТЫ Валери