Фыццаг хатт – сценæйы

0
38

Æрыгон композитор Рустам Сагдиев сывæллæттæн уырыссаг адæмон зарджытæ æмæ таурæгъты бындурыл кæй бацæттæ кодта, Бетъырбухы Мариинаг театры цæгатирыстойнаг филиалы сценæйыл фыццаг хатт равдыстой ахæм оперæ «Василисæ».

Ацы оперæ банымайæн ис амынд филиалы аивадон разамонæг, Уæрæсейы адæмон артисткæ Гергиты Ларисæйы радон мидисджын проектыл. Адæмон сфæлдыстады фæзындтытæ оперæйы бæрæг дарынц канд музыкæйы нæ, фæлæ аргъау «Василисæ Прекрасная»-йы бындурыл сæвзæрд сюжеты дæр.

Фæллой æмæ зæрдæхæлардзинады руаджы Баба-ягайы фыдмитæй чи аирвæзт æмæ Иван-королевичимæ иумæ знæтдзинадыл чи фæуæлахиз, уыцы рæсугъд Василисæ у театралон равдысты сæйраг архайæг. Оперæйы иннæ архайджытæ сты: Кот-баюн, аргъауон Певчий Дрозд, кæлæнгонд бæгъатыртæ (Темная Ночь, Ясная Заря, Белый День), стæй æрдзы удджын хъарутæ Калинушкæ, Малинушкæ æмæ Рябинушкæ.

Æрыгон аивадуарзджытæ театры артистты æвзыгъд хъазт æмæ аив уæлæдарæсæй иттæг райгонд уыдысты. Режиссер Кристинæ Ларина, сценикон фæлгонцадæй нывгæнæг Алинæ Гуттенхефер æмæ рухсæй нывгæнæг Егор Карташов сывæллæттæн музыкæйæ аивгонд цæстуынгæ диссаг сфæлдыстой.

Амынд театралон равдыстытæ банымайæн ис сывæллæттæн уырыссаг адæмон сфæлдыстады хуыздæр уацмыстыл. Оперæ музыкæйы зæлтæй иттæг хорз сфидыдта.

Бетъырбухы Мариинаг театры цæгатирыстойнаг филиалы пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here