Ахъуыдыйаг æрмæг

0
56

Кокайты Тотрадзы æрмæг «Иу хатт-ма нæ ирон æгъдæутты тыххæй» мыхуыргонд æрцыдис газет «Рæстдзинад»-ы 5 июны æртыккаг фарсыл. Æз æй бакастæн дыууæ хатты, зноны сывæллон нал дæн æмæ æмбарын хорз дæр æмæ æвзæр дæр.

Тотрадз йæ æрмæджы фыццаг абзацы афтæ зæгъы: «Ирон æгъдæуттæ чингуытæй сахуыргæнæн нæй. Ирон фынг у  йæхæдæг ирон æгъдæутты академи!». Æмæ уыцы  ныхас зæрдыл дарын хъæуы, ирон æгъдæуттыл куы дзурæм, уæд. Кæд ирон дæ æмæ дæ фæнды ирон æгъдæутты академи фæуын, уæд уал фыццаг  уырдыг алæуу хистæртæн æмæ уал фыццаг кълас фæу.

Мæнмæ гæсгæ, ацы арфхъуыдыджын, зæрдæмæ хъаргæ ныхæстæ  куыд нæ хистæртæй, афтæ «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæн дæр сты ахъуыдыйаг. Уымæн, æмæ бирæтæ уыцы академийы иунæг кълас дæр каст нæ фесты, афтæмæй æрбадынц. Хæлиубадт скæнгæйæ, уæлæмæ ихсыд æмæ æнæхсæст дзырдтæ кæнын байда-йынц, сæ бон ницыуал вæййы, афтæмæй. Æмæ фынгæй рауайы, бирæтæ хæрд æмæ нозтыл кæм фæстиат кæнынц, ахæм бынат. Æмæ сын уайдзæф ракæнæг нæ вæййы.

Иу хатт ма йæ æз дæр зæгъын, Тотрадзы арфхъуыдыджын ныхæстæ не ’ппæтæн дæр ахъуыды-йаг сты. «Иры Стыр Ныхас» дæр сыл, йæ боны фæткмæ сæ бахæсгæйæ, æрдзурæнт. Афтæмæй, ирон адæмы æхсæнадон æгъдау алы ирон хъæуы дæр иухуызон кæниккам. Ууыл цыбыр, фæлæ æргом æрмæг куы уаид æмæ йæ академи дæр куы схониккам.

Бæргæ, «Стыр Ныхас» цы чиныг рауагъта «Чындзæхсæв, чызгæрвыст æмæ зианы
æгъдæуттæ», зæгъгæ, уым куыд загъд ис, афтæ сæ куы кæниккам, уæд нæ фæрæдииккам æмæ та Тотрадзы фæдисы уац ныффыссын нæ бахъæуид.

«Мард æрцыд æмæ мардæрцыд!» «Хæрнæджы фынг» – уыдон Тотрадз ирон кадджын æгъдаумæ гæсгæ амоны раст кæнын æмæ уæлдæр куыд загъд ис, афтæ сæ кæнын куы райдаиккам, уæд нæ фæдисы уацтæ фыссын нал хъæуид. Нæ кадджын ирон æгъдауыл, ирон уæвгæйæ, былысчъилтæ чи кæны, уыдоны та банымайæн ис «мæнг ирæттыл».

Тотрадзы уайдзæфтæй хатдзæгтæ хъуамæ скæной хъæуты ныхæстæ, уымæн æмæ сты, æцæгдæр, академион фæлварæнты хуызæн.  Иу цау ма мын æнæзæгъгæ нæй, иу зианыкæнды сæмбæлдтæн æмæ мæ сбадын кодтой æрцæуæг адæмæн хистæры бынаты. Лæмбынæг хъуыстон хистæры рæгътæм æмæ та мæм-иу уый дæр æрбакаст.

– Бахатыр кæн, хистæр, зианы фынгыл æртæ уæливыхы кувгæ нæ фæкæнынц, – сдзырдтон æм.  Уый мæм мæсты хуызæй сдзырдта, уый дæ хъуыддаг нæу, тырсыйаг, зæгъгæ.

Æртыккаг рæгъ кæнгæ йæ худ систа æмæ бадты адæммæ дзуры, не ’хсæн бады саударæг адæймаг, йæ фыд амардис æмæ «йæ саудард æмæ йæ саудард»  дыууæ хатты зæгъгæйæ, æрбадт æмæ йæ анызта. Мæнмæ дзуры, рæгъ уадз, зæгъгæ. Æз мæ сæр бæргæ батылдтон, фæлæ та мæ хистæр баурæдта, уый нæ рагфыдæлты æгъдау у æмæ рохуаты аззадис…

Иуæй-иу хистæртæ академи зонгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй фæархайынц уæлæмæ-уæлæмæйыл. Чидæр, дам, сир кæнын нæ зыдта, афтæмæй дзыкка кæнын амыдта. Ахæм хистæртæ нæм абон дæр ис.

Тотрадзы æз рагæй зонын, ахуыргонд лæппу, уый бæрæг дары йæ арфхъуыдыджын хатдзæгтæй. Кировы районы газет «Размæ»-йы сæйраг редактор Кокайты Салам куы амард, уæд редакцийы номæй радзурын мæнæн баргонд уыдис. Тотрадз мын арфæ ракодта мæ раныхасы фæдыл, цыбыр æмæ бæстон кæй уыдис, уый фæдыл.

Тотрадз, дæ фиппаинæгтæ, уайдзæфты хуызы, ирон æгъдауы фæрцы сты тынг раст æмæ сæ афтæ куы æххæст кæнæм, уæд уыдзыстæм арфæйаг. Æмæ æмхуызонæй бацархайæм.

 

Богазты Арсæмæг, Ирыстоны кадджын ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here