Богæлттæ хæцдзысты Мæскуыйы

0
134

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионат ацы аз 25-28 июны цæудзæн Мæскуыйы. Ирыстоны богæлтты иузæрдион фарсхæцджытæ лæмбынæгæй æнхъæлмæ кæсынц, нæ богæлттæ чемпионаты куыд рахæцдзысты, уымæ. Фæнды сæ зонын, сæ уарзон спортсментæ куыд цæттæ сты, æмæ сын цавæр уавæртæ уыди сæхи бацæттæ кæнынæн.

Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр нæ богæлттæн арæзт уыди цæттæгæнæн æмбырдтæ. Чемпионаты хæдразмæйы æмбырд абоны онг цæуы Хæдарцаты Асланы номыл Хъæбысхæсты академийы. Ацы ран ис æппæт хъæугæ уавæртæ. Уый алы хатт дæр бахахх кæнынц æндæр рæттæй æрбацæуæг богæлттæ дæр.
РЦИ-Аланийы иугонд командæйы хистæр тренер Санаты Георгиимæ лæмбынæг куыст кæнынц нæ зындгонд тренертæ: Багаты Славик, Æрчъегкаты Тотрадз, Дудайты Эльбрус, Биазырты Савели, Тыбылты Цезæр æмæ богæлттæн сæхи тренертæ цалдæрæй.
Уæрæсейы сгуыхт тренер Æрчъегкаты Тотрадз фарста: «Цавæр хæстæ æвæрут уæ размæ?»-йæн загъта: «Куыд алы хатт, афтæ ныр алы спортсмен дæр йæ размæ æвæры нысан – уæлахиздзау суæвын. Нæ лæппутæ кæд се ’ппæт Ирыстоны номæй нæ хæцдзысты, уæддæр сæ мах хонæм нæхи скъолайы хъомылгæнинæгтæ, æмæ нæ зæрдæ дарæм, уыдонæй кæцыдæртæн уæлахиздзаутæ суæвын кæй бантысдзæн».
Чемпионаты фыццаг ерыс кæндзысты сылгоймæгтæ. Нæ республикæйы номæй гауызмæ рацæудзысты: 50 кг – Биазырты Валерия, 55 кг – Дудайты Аринæ, 57 кг – Дзоблаты Радæ, 59 кг – Цæболты Камилæ, 62 кг – Кæсæбиты Алинæ, 62 кг – Кердыхъаты Маринæ, 62 кг – Мæргъиты Илонæ, 62 кг – Танделаты Аминæ, 72 кг – Бокоты Анитæ. Нæ нæлгоймаг богæлтты номхыгъд у зынгæ фылдæр. Ирыстоны номæй гауызмæ чи рацæудзæн, уыдоны нымæц у 22, æндæр регионты спортивон кад чи хъахъхъæндзæн, уыдон та сты 27.
Сылгоймæгтæ ерыс кæндзысты 25-26 июны, нæлгоймæгтæ та – 27-28 июны.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here