Никуы ныффыстон газет «Рæстдзинад»-мæ, фæлæ мæм æрцыдис ахæм хъуыды, цæмæй мæ фæндон бамбарын кæнон зианы (марды) хæрнæджы фынджы æгъдæутты тыххæй. Ирон адæм кæд кæддæр æрцыдысты иу æгъдаумæ, уæддæр та кæцыдæр рæстæджы ныххицæнтæ сты æмæ æрцардысты æндæр кæмтты, ома хохрæбынты, æндæр адæмтæм æввæхсты. Ныр уымæ гæсгæ не ’гъдæуттæ кæрæдзийæ фæиппæрд сты. Уæдæ сæ ногæй сиухуызон кæнын дæр уыйас зын нæу.
Нæ хистæртæй-иу хъуыстон ахæм ныхæстæ: «Куывдмæ, дзуары бынмæ, чындз-
æхсæвмæ хæссæм æртæ кæрдзыны. Зианмæ (мардмæ) – дыууæ кæрдзыны, рынчынмæ – иу кæрдзын». Ныр æркæсæм, кæд æндæр адæмтæм хистæрæй-кæс-
тæрæй сæ фынджы æвæрд иухуызон у, уæд махмæ та, мæнæ куыд «эмблемæ», афтæ хистæрты раз æвæрæм æртæ кæнæ дыууæ чъирийы, сæр æмæ бæрзæй æмæ хæларгæнинæгтæ. Хæрд æмæ нуæзт Хæрнæджы фынгыл æртæ кæрдзыны æрæвæрын мæм раст цæмæн нæ кæсы, уæлдæр æй куы загътон, æртæ сты кувинæгтæ, æмæ кувинæгтæ кæнæм, ноггуырд нæм куы фæзыны, уæд. Дарддæр – йæ афæдзы боны æмæ афтæ дарддæр йæ цингæнæн бонты. Куы амæлы, уæд та – кувинæгтæ, кæй амардис, уый тыххæй? Марды боны дыууæ кæрдзынæй хистæр зæгъы: «Абон мæнæ ацы хæдзар дыууæ кæрдзыны сæвæрыны хæсджын фесты, æмæ дæ бон бирæ у, Хуыцау, æмæ курæм, цæмæй та фæуой æртæ кæрдзыны хæсджын æмæ та дзы скувой Стыр Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм».
Æртæ кæрдзыны чи æвæры æмæ æвæрын кæны, уыдоны дзуапп у афтæ: æртæйæ скуывтам Хуыцау-мæ, æмæ дзы иу дæлдæр авæрдтам, иннæ дыууæйæ рухсаг зæгъæм. Хæлар сæ кæнæм. Æмæ дзы уæд Хуыцауы ном æрмæстдæр ныхæстæй ссардтат, кæд дзы уый фæстæ дыууæйыл арахъхъ хистæртæ ’ркалдтой, ныххæлар сæ кодтой, æртыккагыл та – дыккаг фынгыл, уæд уыцы ныхæстæ дыууæ кæрдзынæй нæ уыд зæгъæн?
Иу ахæм æнæхъола дзуапп та ма ахæм кæнынц: æртæ кæрдзыны зианы фынгыл пырх нæ кæнæм, афтæмæй сæ кувæм. Ам дæр та кæйдæр куырм кæнæм. Зиан æрцыдис нæ хъæуы. Чысыл фæстæдæр мæм бахатыдысты, цом, ды, дам, хистæр дæ, немæ рацу, æмæ йын рухс зæгъæм. Фæрсынц мæ, дыууæ кæрдзыны æрæвæрæм æви æртæ? Æз загътон: «Дыууæ». Бацыдыстæм, æмæ дзы – æртæ тъæпæн дзулы. Зæгъын, мæн ма цæмæн фарстат, æз дыууæ куы загътон? Нæ мын бауагътой иннæтæ, махмæ, дам, æртæ вæййы. Мæ ныхæстæ загътон, рацæуæм, æмæ кæрдзынтæй æртыккаг чи уыдис, Хуыцауы ном ссарыны фæстæ кæй сисынц, уый – рудзынгыл æвæрд. Дыккаг бон чырын хæлар кæныны – æртæ кæрдзыны, мæрдæхсæвæры – æртæ, райсом йе ’вæрæн боны, фыдæбонгæнджытæ хæринаг акæнынц, æмæ та – æртæ. Марды æддæмæ рахæссæм, æмæ та – æртæ. Хæрнæджы фынгыл – æртæ. Йæ амæлынæй йæ бавæрынмæ æхсæз хатты – æртыгæйттæ. Ахъуыды ма кæнæм, кæддæра нæм куыд фæкæсид.
Цымæ цы у рухсаг? Чи зоны йæ æз мæхæдæг дæр рæстмæ не ’мбарын. Бирæтæ фæзæгъынц, мæнæ уымæй дæр рухс зæгъæм, сæнæй, бæгæныйæ, пловæй æмæ афтæ дарддæр. Мæнмæ гæсгæ, цыдæриддæр хойраг æрæвæрдтой фынгтыл, уый кæнæм мардæн хæлар. Уый номыл æвæрд сты, æмæ йын сæ хæрамæй нæ, фæлæ хæларæй дæттæм. Рухсаг та уæд йæ уд. Ома, мæнмæ гæсгæ, рухс ран уæд, рухсы аккаг у. Кæддæр, чи зоны, адæм æргомдæр уыдысты, ома, кæйдæр хорз хуыдтой, кæйдæр та – æвзæр. Хорз-иу куы амард, уæд æй хуыдтой рухсы аккаг, иннæмæй та дзырдтой, мæрдты дæлдæр ныххауæд, мæрдты бинаг къæй фæуæд, зæгъгæ.
Куыд æвæргæ сты сæр æмæ бæрзæй?
Мæ кармæ гæсгæ мæм æрхауы кæмдæрты хистæры бынаты сбадын, æмæ дзы фылдæр хатт рауайы быцæу. Бадæм чындзхасты æмæ, сæр æмæ бæрзæй чи ’рбахаста, уыдоны фæрсынц: «Куыд сæ сæвæрæм?» Æз сын зæгъын, сæр – рахизæрдыгæй, бæрзæй – галиуæрдыгæй. Уæд дын хæдзары хицау кæцæйдæр фæзындис æмæ æваст фæхъæр кодта: «Адон та афтæ чи сæвæрдта?!», æмæ сæ иннæрдæм авæрдта. Нæ фыдæлтæ, дам, афтæ æвæрдтой. Æз ын бамбарын кодтон, Цæгат Ирыстоны зæронд ирон хъæуты æвæрынц афтæ æмæ мæхимæ дæр афтæ, растдæр кæсы. Ома, циндзинад кæныс, уæд мыггаджы хистæр бады рахизæрдыгæй, ноджы ма хистæрæн чи бады, уымæн дæр йæ рахиз фарсы ‘рдыгæй хъуамæ уа кусартæн йæ сæр. Ныр ахæм бадт стæм хатт вæййы, æмæ йыл дзырд ма ’рцæуа цины дæр æмæ зианы дæр, кæмдæрты та бæрзæй авæрынц сæры уæлæ. Уый та мæнмæ кæсы афтæ: дохтырæн йæ бон нæу рынчыны сдзæбæх кæнын æмæ йæ мары. Зианы хъуыддаджы: сæр галиуæрдыгæй, бæрзæй – рахизæрдыгæй. Ам дæр та афтæ. Зиан (мард) нымад цæуы куыд галиу хъуыддаг (хабар). Зианджын мыггаджы хистæр дæр бады галиуæрдыгæй, хъус дæр лыг кæнæм галиу. Æмæ гъе уыдæттæм гæсгæ сæр æвæрын хъæуы галиуæрдыгæй.
Æндæр хъуыдытæ, æгъдæуттæ цы хæдзары фæзыны, уым рауайы хылтæ æмæ цыдæртæ, æмæ æрцæуынц уарынтæм. Махæн дæр, æндæр æмæ æндæр æгъдæуттæ кæнгæйæ, нæ кæрæдзийы æмбарындзинад æмæ уарзондзинад дæр кæны цух, æмæ уæд нæ тых æмæ нæ хъару дæр уыдзæнис къаддæр.
Бирæ кæйдæрты ма фæнды æмæ йæ кæнгæ дæр кæнынц – зæдты номыл рæгъ хæрнæджы фынгыл. Куы сын зæгъай, уæд ма цæмæй хицæн кæнынц цин æмæ хъы-
джы куывдтытæ, уæд нычъыллипп кæндзæн æмæ дæ зылыны бынаты авæрдзæн. Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын – рæхуыст. Нæ фыдæлтæ, дам-иу, афтæ дзырдтой, мард æмæ, дам, дзуар иу сты. Æз ницы хатын мард æмæ дзуармæ иуæй, никуыдæр æй фехъуыстон мæ фыдæй. Фехъуыстон æмæ федтон, дзуармæ-иу цыдыстæм кувинæгтимæ: æртæ кæрдзыны, фыс – уæрыкк, уый дæр – урс. Кæд удæгасæй нæ, уæд та – кæцыдæр уæнгтæ. Дзуары бын-иу фæкуывтой, фæбадтысты, фæзарыдысты, кæддæрты-иу дзы кафт дæр уыдис. Уæдæ мардмæ та федтон кæугæ, додойгæнгæ цæугæ, мæхи æрыгоны рæстæджы дæр ма дыууæ кæрдзыны хæсгæ.
Æз федтон æмæ фехъуыстон: зианы фынгыл æвæрæм къæйттæ. Рæгъытæ дæр – къæйттæ, фыдохы нуазæнтимæ дæр – дыууæ фæрсчы.
КОЗАТЫ Солтан,
Сунжæ














