Сæйрагдæр – æдасдзинады фарстатæ

0
188

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Терроры ныхмæ къамисы æмбырд. Йæ архайджытæ æркастысты, хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнтæ хи дзæбæхгæнæн комплекстæ, фысымуæттæ æмæ санаторон-курортон уагдæттæ хъахъхъæныны тыххæй закъонады домæнтæ куыд æххæст кæнынц,уыцы фарстатæм, стæй бай-хъуыстой, хицаудзинад, бынæттон хиуынаффæ-йад æмæ дзуапдæттæг оргæнтæ фæндаггон аразгæ амаддзæгтæ бахъахъхъæнынæн цы мадзæлттæ аразынц, уымæ.

Санаторон-курортон объекттæ, дзæбæхгæнæн кусæндæттæ æмæ фысымуæттæ, уыимæ, сывæллæттæ сæхи кæм дзæбæх кæнынц, стæй, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй, Запорожье æмæ Херсоны облæсттæй æрбали-дзæг æмæ сæ цæрыны бынæттæ æнæбарвæндонæй ныууадзæг адæм кæм æрбынат кодтой, уыцы уагдæттæ терроризмæй бахъахъхъæныны домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй, стæй уыцы хъуыдаджы хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнты куыст фæахадгæдæр кæныны мадзæлтты тыххæй лæмбынæг радзырдта фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри.

Сæрдыгон хи дзæбæхгæнæн кампани  райдыдта 25 майы, æмæ уыцы рæстæгмæ, министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æппæт хъæугæ куыстытæ дæр конд æрцыдысты: æнæмæнг æххæстгæнинаг домæнтæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ организациты материалон-техникон базæ, уагдæтты æдасдзинады паспорттæ сарæзтой, фæлладуадзæн объекттæ басгæрстой æмæ сын категоритæ раттой.

Сергей Меняйло бафæдзæхста цæстдарæг оргæнты амынддзинæдтæ сывæллæтты фæлладуа-дзæн æмæ æнæниздзинад фидардæр кæныны рæс-тæг террорæй бахъахъ-хъæныны мадзæлттæм карзæй кæсын æмæ сæ æххæст кæнын. Регионы разамонæг сæрмагондæй загъта, цæмæй сæрдыгон лагертæм куыстмæ ист ма ‘рцæуой, закъоны домæнтæм гæсгæ, ахæм куыстмæ уадзæн кæй нæй, ахæм адæймæгтæ.

Æмбырды лæмбынæг каст æрцыд, республикæйы фæндаггон аразгæ амаддзæгтæ – хидтæ, тъунелтæ, автомобилон фæндæгтæ  террорæй бахъахъхъæнынæн цы мадзæлттæ аразынц, уыдонмæ, цавæр куыст цæуы видеоцæстдард æмæ сæ инженерон-техникон æгъдауæй хъахъхъæныны фæрæзтæй сифтонг кæныны тыххæй.

Уымæй уæлдай ма, Цæгат Ирыстоны Терроры ныхмæ къамисы уынаффæтæ сæххæст кæнынмæ карздæр цæстдард кæй цæуы, уый тыххæй бæлвырд мадзæлттæ арæзт æрцыд. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æх-хуысгæнæг Вадим Лесь æмбырды архайджыты базонгæ кодта, нæ регионы Терроры ныхмæ комитет æмæ Терроры ныхмæ къамисы амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыцы бæрæггæнæнтимæ.

Сергей Меняйло бахæс кодта, Цæгат Ирыстоны Терроры ныхмæ къамисы уынаффæтæ чи не ‘ххæст кæны, уыдон дисциплинарон æмæ административон æгъдауæй бафхæрын.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here