Ацы хатт – æнæ сыгъзæринæй

0
110

Ивгъуыд сабаты Мæскуыйы уæгъдибар хъæбысхæстæй сбæрæг сты Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ нæлгоймæгты ’хсæн.

Ирыстоны спортуарзджытæ къæрцхъусæй æнхъæлмæ кастысты, нæ богæлттæ афæдзы сæйраг ерысты сæхи куыд равдисдзысты, уымæ. Спортуарзджыты нæ фæнды æмæ сæ нæ уырны, нæ уæгъдибар хъæбысхæсты уавæр йæ хæрзтæй кæй нæу, уый.

Хъыгагæн та, ацы азы чемпионат дæр нæ барухс кодта нæ богæлтты иузæрдион фарсхæцджыты зæрдæтæ. Мæскуыйы ацæуæг Уæрæсейы чемпионаты ирыстойнаг богæлттæ хæцыдысты цыппорæй чысыл фылдæрæй… Уыдонæй æртæ-цыппар хатты  фылдæр уыдысты Дагестаны богæлттæ. Уымæй дæр, кæд æмæ дагестайнæгтæ цалдæрæй фæстæмæ, ерысты сæ республикæйы номæй хæцыдысты, уæд ирыстойнæгтæн та сæ фылдæр хъахъхъæдтой æндæр регионты спортивон кад. Уый уымæн нæ зæгъæм, æмæ нæ лæппуты азымджын кæнæм. Ацы фарста у лæмбынæгдæр æркæсыны аккаг.

Чемпионаты нæ лæппутæ æдæппæтæй рамбылдтой авд хæрзиуæджы, фæлæ уыдоны ’хсæн нæ уыд сыгъзæрин майдан. Куыннæ хъуамæ хъыг кæной нæ спортуарзджытæ? Ахæм мæгуырау рауайдзæн нæ богæлтты архайд, уый никæй уырныдта.

Хъæбысхæсты бирæ фæзилæнтæ ис, æмæ рæдыдæй хызт ничи у. Нæ лæппутæ дæр цалдæрæй бæргæ тырныдтой уæлдæр бынæттæм, фæлæ сын ацы хатт цавæрдæр аххоссæгтæ уымæн фадат нал раттой.

Хардзау кæсы, 86 кг онг уæзы спорты сгуыхт мастер Найфонты Артур чемпионы ном кæй нæ райста, уый. Артур хорз рахæцыд цыппар ныхмæлæууæгимæ, рамбылдта се ’ппæты  дæр æмæ кæронбæттæны фембæлд Дагестаны минæвар Ибрагим Кадиевимæ. Ацы фембæлды дæр Артур хæстæг уыд рамбулынмæ, фæлæ æнæнхъæлæджы Кадиевæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын, æмæ 5:5 хыгъдæй уæлахиз лæвæрд æрцыд уымæн.

Афтæ рауад нæ иннæ богал Наниты Славичы турнирон хъысмæт дæр. 92 кг онг уæзы хæцгæйæ, Славик кæронбæттæны 4:1 хыгъдæй æмбылдта дагестайнаг богал Аманулла Гаджимагомедовы, фæлæ фембæлды дыккаг хайы къуыхцытæ ‘руагъта æмæ фæхæрд 4:6 хыгъдæй.

Афтæмæй, Найфонты Артур æмæ Наниты Славик бацахстой 2-аг бынæттæ.

Нæ богæлттæй ма 3-аг бынæттæм рацыдысты: 65 кг – Хъызынты Дзамболат, 74 кг – Куыдзойты Алан, 86 кг – Багаты Арслан, 97 кг – Соттиты Аслæнбег æмæ Дзæгъиаты Сослан.

2025 азы Уæрæсейы чемпионтæ систы: 57 кг – Муса Мехтиханов (РД), 61 кг – Заур Угуев (РД), 65 кг – Ибрагим Ибрагимов (РД), 70 кг –  Сайын Кызырык (Республикæ Тыва), 74 кг – Имам Ганишев (РД)), 79 кг – Ахмед Усманов (РД), 86 кг – Ибрагим Кадиев (РД), 92 кг – Аманулла Га-
джимагомедов (РД), 97 кг – Абдулрашид Садулаев (РД), 125 кг – Абдулла Курбанов (Краснодары край).

Куыд уынæм, афтæмæй, ерыстæ цы дæс уæзы цыдысты, уыдонæй асты 1-аг бынæттæ бацахстой Дагестаны богæлттæ. Уый нæ, фæлæ ма уæззау уæзы Краснодары номæй хæцæг чемпион Абдулла Курбанов дæр у дагестайнаг богал.

Ацы хъуыддæгтæ хъуыдыйаг сты нæ республикæйы Хъæбысхæсты федераци, тренертæ, спорты разамонджытæ æмæ бæрнон бынæтты кусджытæн.

БАСКАТЫ Уырызмæг                             

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here