Алагиры центрон библиотекæйы цы ахсджиаг фембæлд скодтой, уый архайджыты базонгæ кодтой поэт Бутаты Ритæйы чиныг «Ирыстон – мæ авдæн»-имæ. Кæсæн залы æрæмбырд сты йæ курдиатæн аргъгæнджытæ: Бутаты мыггаджы минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, Дзæуджыхъæуæй уазджытæ – номдзыд сфæлдыстадон кусджытæ.
Библиотекæйы кусджытæ бæстон радзырдтой поэты сфæлдыстадон фæндаджы, йæ поэтикон сæйраг темæты тыххæй, æмдзæвгæты æмбырдгонд саразыны фæдыл. Уый поэзиуарзджытæн ссис стыр лæварау. Æрбацæуæг адæм æхсызгонæй байхъуыстой Бутаты Ритæйы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæм, уæдæ йæ поэзийæ дæр разыйæ баззадысты. Йæ æмдзæвгæтæ сты хорздзинадæй æххæст, зондджын, уды бæллиццагдæр æнкъарæнтæй дзаг.
Бутаты Ритæ йæ алы рæнхъмæ дæр хæссы йæ дунеæмбарынад мысинæгты, ныфсы, йæ уды фæзилæнты фæрцы. Йæ Райгуырæн бæстæ тынг уарзгæйæ фыссы йæ царды йын арф фæд ныууадзæг адæмы тыххæй. Поэтикон рæнхъытæй йæ амонд æмæ рысты æууæлтæ равдисы, Ирыстоны уæлвæзтæ, хæхты рæсугъддзинад, цæугæдæт-
ты згъорд рæгъмæ хæссы.
Æмдзæвгæтæ кæсæгмæ хæссы удварны æцæг хæзнатæ, циндзинад, йæ хъысмæты рыстытæ, фæнды йæ, цæмæй сæ бæллиццагдæр æнкъарæнтæ райхæлой. Бутаты Ритæ йæ æмдзæвгæтæ фæфыста алы рæстæджыты. Уырдæм бахаста йæ æнкъарддзинад, уæлтæмæн, уарзондзинад, йæ сæфт æууæнк. Цыдæриддæр царды ахорæнтæ ис, уыдон æй фæндыд банкъарын.
Ритæйы æмдзæвгæты æмбырдгонд фæзынд Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барисы, Алагиры районы Ныхасы сæрдар Къаболаты Юрийы, Бутаты Таймуразы æмæ Бутаты мыггаджы фонды фæрцы.
Нæ уацхæссæг














