Æнахъомты хъуыддæгты инспектор

0
31

Сывæллæтты хъысмæтимæ йæ цард чи сбаста, уыдонмæ хауы Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады æна-хъомты хъуыддæгты инспектор Сæбанты Алинæ. Барадхъахъхъæнджытæм куыстмæ Алинæ æнæнхъæлæджы æрбацыд, скъолайы психологæй кусгæйæ, базонгæ æнахъомты хъуыддæгты инспекторимæ.

Уæд йæхицæн скарста, хъуамæ суон пъæлицæйы службæйы уæнг. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ Сæбанты чызг дзуапп лæвæрдта бирæ домæнтæн. Бацыд барадхъахъхъæнæг оргæнтæм, æмæ дзы афæдз æмæ æрдæг куы бакуыста, уæд йæ разамонæг Гаянэ Петросова афтæ загъта: æнахъомты хъуыддæгты инспектор у хъомылгæнæг дæр, психолог дæр, педагог дæр. Сæбанты Алинæ уыцы æппæт миниуджытæй  хайджын разынд.

Службæйы æппæт сусæгдзинæдтыл уайтагъд фæхæст, райста майоры цин. Сабитыл цы фыдбылызтæ æрцæуы, цы зынвадæтты бахауынц, уыдоны аххосджын вæййынц ныййарджытæ, кæм нозтмæ æмхицæй, кæм – цотмæ æргом æппындæр нæ фездахынц. Сывæллæттæ уыдæттæ уайтагъд банкъарынц, рæзгæ кармæ бахизгæйæ, фыдракæндтæ кæнынмæ бавналынц. Сæбанты чызджы хъуыдымæ гæсгæ, ацы ран психологон ахуырад тынг ахсджиаг у.

Æрмæст зынвадæттæ æвзарæг, нозтмæ æмхиц бинонты ‘хсæн нæ фæзынынц «уæззау»  сывæллæттæ, уæд сæ фыруарзтæй стыхсын кæнынц, уæд – æппæтмæ дæр сæ бон бавналын у, хорз æмæ æвзæр цы у, æмбæлы, не ‘мбæлы, уыдæттæй никæй бафæрсдзысты сабитæ. Сæбанты Алинæ пъæлицæйы кусы 17 азы бæрц æмæ федта бирæ æнæрастдзинæдтæ, бинонты зындзинæдтæ, сывæллæтты конд фыдракæндтæ. Æппæт уыдæттæм хъæуы цæстдарын, бинонтимæ дзурын, мæнæ æндахы æлхынцъытæ куыд халай, афтæ.

Скъолатимæ архайдæн дæр йæ ахадындзинад æмбары инспектор, цы зындзинæдтæ сæвзæры, уыдон алыг кæнын бахъæуы иумæйаг тыхтæй, уæд – психологтимæ, уæд ахуыргæнджытимæ, уæд социалон кусджытимæ. Æнахъомты хъуыддæгты инспекторты куыст афтæ бæрæг нæ дары, фæлæ йæ ахадындзинад та бæрзонд у. Сæбанты Алинæйы бахъæуы сывæллоны царды бацархайын, зылын фæндагæй сæ раст фæндагмæ раздахын.

Тынг бирæ фембæлдтытæ скæны Алинæ скъоладзаутимæ, уæд сын лекцитæ бакæсы, уæд сын царды уæззау фæзындтыты тыххæй радзуры, фыдракæнд саразыны размæ сывæллоны бон у рæстаг адæймагимæ аныхас кæнын, закъоны сæрты хизæн кæй нæй, уый сын бамбарын кæны. Кæд æмæ фылдæр хатт зæрдæ фæриссы сывæллæтты хъысмæтыл, уæддæр Алинæ йæ равзæрст фæндагæй разы у. Йæхæдæг уыны, сабиты зондахаст куыд ивы, фыдуагæй раст уагмæ сабыргай куыд рахизынц, уыдæттæ.

Ныртæккæ Сæбанты Алинæ йæ цæст дары Алагиры цалдæр бинонтæ æмæ сывæллæттæм. Къæрцхъус у сæ алы ракæндмæ, кæд æмæ ныййарджытæ сæхи раст нæ дарынц, нæ сæттынц, уæд документтæ æмбырд кæнынмæ бавналы, цæмæй сæ ныййарджыты бартæй фæцух кæной. Уый вæййы æппæты фæстагдæр
мадзал, уæдмæ уал семæ фæныхас кæны, алцыдæр сын бамбарын кæны… Алинæ алы сабийы дæр уыны адæймаджы сконд, бахъуа-джы рæстæг кæй цур балæудзæн, кæмæ бадардзæн æххуысы къух, ахæмы.

 

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here