Куысты хæстæ æнаиппæй æххæст кæнгæйæ, æхсæнады хорздзинадæн æмæ бæстæйы размæцыдæн ахъаз чи кæны, дзыллæтæ уыцы адæймагæн кад кæнынц. Ахуырад рагæйдæр паддзахады райрæзты сæйраг рахæцæнтæй иуыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ ахуыргæнæджы куыст адæймагæй домы бæрнондзинад, рæзгæ фæлтæримæ кусынмæ арæхстдзинад.
Ныр фондз азы дæргъы Мзокты Иринæ дæсны разамынд кæмæн дæтты æмæ æрæджы æстай азы кæуыл сæххæст, Дзæу-джыхъæуы æфсады инæлар Плиты Иссæйы номыл уыцы 26-æм скъолайы фæллой кæнынц куыстмæ æвзыгъд, парахат зонындзинæдтæ кæмæ ис, ахæм ахуыргæнджытæ. Ацы фæлтæрдджын педагогтæй иу у дыккæгæмæй фарæстæм кълæсты онг англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Фидараты Мэри. Ацы педагогæн йæ мад Хъуппеты Раисæ дæр дзæвгар рæстæг бафæллой кодта ацы ахуыргæнæндоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Къорд азы дæргъы дзы ахста завучы бынат дæр. Уæвгæ, Мэри амынд скъолаимæ баст у сабибонтæй нырмæ. Йæ заманы Мэри 26-æм скъолайы ахуыр кодта дæс азы дæргъы æмæ йæ 1976 азы сыгъзæрин майданимæ каст куы фæци, уæд ахуырад адарддæр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты факультетмæ. Астæуккаг скъолайы куыд уыд, афтæ университеты дæр Мэри йæхи равдыста зонындзинæдтæм тырнæг, ахуырадыл æнувыд чызгæй. Студенткæ йæ хæслæвæрдтæ æнаиппæй, æнтыстджынæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй йын æмбæлттæ æмæ ахуыргæнджытæ кад кодтой.
Амынд факультет сырх дипломимæ каст фæуыны фæстæ Мэри 1981 азы кусын райдыдта Дзæу-джыхъæуы 26-æм скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Ахуыргæнæндоны педагогтæ, сæ раздæры ахуырдзау чызгыл æхсызгонæй сæмбæлдысты, цæстуарзонæй йын æххуыс кодтой.
Рæзгæ фæлтæры пайдайаг зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныныл йæ заманы амынд скъолайы зæрдиагæй чи архайдта, Мэри ныр дæр æхсызгонæй æрымысы йæ уыцы раздæры ахуыргæнджытæ Кокайты Валентинæйы, Сханты Эммæйы, Гуыбыраты Таисия æмæ æндæрты. Уæвгæ, Мэрийæ фæстæмæ амынд скъола кастфæуæвæг æмæ дзы фæстæдæр ахуыргæнджытæй кусын райдайæг адæймæгты ‘хсæн сты историйы, уырыссаг æвзаг æмæ райдайæн кълæсты ахуыргæнджытæ Мхциаты Маринæ, Гуæцæлты Аллæ æмæ Елойты Камиллæ.
Хъуппеты чызг 26-æм скъолайы ахуыргæнæгæй кусын цы бон райдыдта, уыцы бонæй фæстæмæ ахуыргæнæндоны, кæй зæгъын æй хъæуы, æрцыд бирæ ивддзинæдтæ, скъола цалдæр директоры баивта, фæлæ педагогон коллектив раздæрау архайы фæсивæдæн хæрзхъæд ахуырад раттыныл, царды раст фæндаг сын бацамоныныл, сæ зонын-дзинæдтæ сын фæфылдæр кæныныл.
26-æм скъолайы ветерантæй иу, англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Тыбылты Индианæ зæгъы:
– Бирæ азты дæргъы Мэриимæ иу скъолайы кусын. Университеты ма куы ахуыр кодтон, уыцы заман ацы сылгоймагимæ базонгæ дæн. Куысты хæстæ æххæст кæнынмæ æвзыгъд, бирæвæрсыг зонындзинæдты хицау Мэрийы нымайын нæ республикæйы англисаг æвзаджы дæсныдæр ахуыргæнджытæй иуыл. Ацы педагог канд англисаг æвзаг нæ, фæлæ иннæ ахуырадон предметтæ дæр хорз хаты, куысты заман пайда кæны нырыккон технологитæй. Информатикæйы ахуыргæнджыты хуызæн компьютерæй пайда кæнынмæ æвзыгъд у, бахъуаджы заман æмгуыстгæнджытæн баххуыс кæнынмæ цæттæ вæййы. Ацы сылгоймаджы тыххæй бирæ хорз ныхæстæ ис зæгъæн, Мэрийы хуызæн дæсны ахуыргæнджытæ не скъолаты цæмæй бирæ уа, уый мæ фæнды.
Историйы ахуыргæнæг Мхциаты Маринæ амынд скъолайы кусы æстай дыккæгæм азæй нырмæ. Маринæ йе ’мгуыстгæнæджы тыххæй зæгъы:
– Ацы скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæдæй нырмæ зонын Мэрийы. Зонгæ уыдтæн йæ мадимæ – ацы ахуыргæнæндоны педагог Хъуппеты Раисæимæ дæр. Мæнмæ гæсгæ, Мэри ахуыргæнæджы курдиат æрдзæй рахаста. Ацы сæлгоймаг у канд фæлтæрдджын ахуыргæнæг нæ, фæлæ ма хорз ныййарæг дæр. Схъомыл кодта царды раст фæндаг равзарæг чызг Лаурæ æмæ лæппу Мараты. Мэри йæ цоты цæуыл сахуыр кодта, уыцы фæзминаг миниу-джытæй хайджын кæны йе скъоладзауты дæр. Рæзгæ фæлтæр цæмæй кæрæдзи æмæ Райгуырæн бæстæ уарзой, стæй ирон
æгъдæуттыл цæмæй æнувыд уой, парахат зонын-дзинæдты хицау, дæсны педагог уымæн ахъаз кæны.
Ацы уацхъуыды ныхас кæуыл цæуы, уыцы сылгоймагæй фæстæмæ, дзæвгар рæстæг амынд скъолайы бафæллой кæнгæйæ, рæзгæ фæлтæры зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныныл цæстуарзонæй архайынц уырыссаг æвзаг æмæ математикæйы ахуыргæнджытæ Светланæ Ажимова, Маринæ Пляскина, Сохиты Фатимæ æмæ æндæртæ. Амынд ахуыргæнæндон амæй размæ каст чи фæци æмæ æнæлаз фæллойы фæрцы цардархайды алыхуызон къабæзты стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыдысты, уыдоны ‘хсæн сты бæстæйы Æдасдзинады советы бæрнон бынатахсæг, æфсады инæлар Цæлыккаты Руслан, 2008 азы Пекины ацæуæг Олимпиадæйы фехтованийæ чемпионкæ Санаты Аидæ, «Банк Москвы»-йы разамындмæ хауæг Дзгойты Валери æмæ Зауыр, стæй æндæртæ.
Æмæ ма ноджыдæр иу фиппаинаг: Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы аз нæ регионы скъолаты фарæстæм кълæстæ каст фесты 9305 лæппу æмæ чызджы, иуæндæсæм кълæстæ та – 3456 æрыгон адæймаджы.
Ахуыргæнæндæттæ кастфæуæвæг фæсивæд, царды раст фæндæгтыл ныфсджынæй къахдзæфтæ кæнæнт!
Олег Апрелев