Алцыдæр – цæрджыты удæнцойæн

0
30

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис фембæлд Автомобилон транспорт æмæ фæндагон хæ-дзарады кусджыты æппæтуæрæсеон профцæдисы сæрдар Владимир Ломакинимæ.

Кусæг фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы транспорт æмæ фæндагон хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэл æмæ РЦИ-Аланийы профцæдис-ты федерацийы сæрдар Касаты Таймураз.

Дзанайты Барис фæбæрæг кодта, абон Автомобилон транспорт æмæ фæндагон хæдзарады кусджыты æппæтуæрæсеон профцæдис бирæ æвæрццæг хъуыддæгтæ кæй аразы организацийы минæвæртты царды уаг æмæ социалон æдасдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Йæ ахъаззагдæр нысантæй иу у автотранс-порт æмæ фæндагон хæдзарадимæ социалон æмгуыстад.

– Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæдзæхстмæ гæсгæ республикæйы къорд азы цæуы егъау куыст фæндагон инфраструктурæ æмæ транспортон комплекс сног кæныныл. Æдæппæтæй фæстаг цыппар азмæ фæдагон-транспортон системæйы рæзтыл хардзгонд æрцыд 20 миллиард сомы бæрц. Уый
руаджы балхæдтам гыццыл æмæ рæстæмбис къласы 250 автобусы муниципалон æмæ муниципалон районты ‘хсæн маршруттæн. Афтæ ма балхæдтам 28 трамвайæн ног вагæттæ. Ацы транспорты хуыз Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ туристтæ бирæ уарзынц. Мах нæ граждæнты удæнцойæн алцыдæр аразæм. Республикæйы фæзуаты фæндагон хæдзарады ахъаззаг дæсгай объекттæ сарæзтам æмæ бындуронæй рацарæзтам. Регионы хицауад профцæдистимæ æмгуыст кæны, цы фарстатæ сæвзæры, уыдон алыг кæныныл. Мах хъусæм нæ республикæйы цæрджыты ныстуантæ æмæ дарддæр дæр афтæ архайдзыстæм, – бахахх кодта Дзанайты Барис.

Владимир Ломакин та загъта, Цæгат Ирыстонмæ кæй ссыди Автомобилон транспорт æмæ фæндагон хæдзарады кусджыты æппæтуæрæсеон профцæдисы æххæсткомы æмбырды фæлгæты – райдайдзæн абон, 3 июлы, Налцыччы.

– Тынг ахсджиаг у автомобилон транспорт æмæ фæндагон хæдзарады къабазы политикæйы æмархайд. Æххæстком ссыди, цæмæй æрдзурæм социалон фарстаты æмгуыстадыл Цæгат Кавказы федералон зылды. Мах цæуæм æппæт регионтæм, нæ зæрды ис, къабазыл рæстмæ чи фæзындзæн æмæ йæ куысты ахадындзинад цæй руаджы фæбæрзонддæр уыдзæн, уыцы фæлтæрддзинадмæ лæмбынæг æркæсын. Цæгат Ирыс-тоны тыххæй та зæгъын æмбæлы, ам кæй ис хорз куыстуæттæ æмæ дæсны разамонджытæ, – фембæлды кæронбæттæны загъта Владимир Ломакин.

 

ГАПБАТЫ Алеете

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here