Ахуыргæнæг цас æрхъуыдыджындæр æмæ дардмæ уынаг уа, уыйас æнувыддæрæй фæкусынц сæхиуыл йæ хъомылгæнинæгтæ дæр. Сывæллонæн ахæм зондамонæг ахуыргæнæг куы уа, уæд ныййарджытæн уый вæййы Хуыцауы лæварау.
Сывæллæттимæ ахæм лæмбынæг куыст чи кæны, уыцы тренертæ æмæ
ахуыргæнджытæ сты арфæйы аккаг хæрзгæнджытæ.
Æрæджы ахуыргæнджыты ахæм бирæвæрсыг æмæ æрхъуыдыджын
куыстæн æвдисæн уыдысты, Дзæуджыхъæуы Полиграфийы технологион колледжы спортивон залы цы мадзал цыди, уый фенынмæ цы ныййарджытæ, ахуыргæндтæ, æхсæнадон кусджытæ, зындгонд аивад æмæ спорты кусджытæ æрбацыдысты, уыдон.
Уыцы бон спортивон клуб «Ос-Бæгъатыр»-ы нæ республикæйы Дзюдойы федераци аттестаци кодта æвзонг дзюдоистты бур æмæ бурбын сырх рæттæй.
Тренер Персаты Чермены разамындæй æвзонг дзюдоисттæ æвдыс-
той, абоны онг сæ цæуыл ахуыр кодтой, уыцы дзюдойы исæнтæ. Уымæй уæлдай, сæ дæсныйад æвдыстой кафынæй, музыкалон инструменттæй цæгъдынæй, æм-
дзæвгæтæ дзурынæй, зарынæй. Ацы хъуыддаджы семæ куыстой ахуыргæнджытæ. Цымыдисаг рауад аттестацигæнæн мадзал райдайæнæй кæронмæ. Æхсызгон уыди фенын, дзюдоисттæ, сæ уæлæдарæс кимонотæ, афтæмæй, Ирыстоны адæмон артист Плиты Нодары разамындæй, «Симд» куы кафыдысты, уый. Иу ныхасæй, мадзал рауад рæсугъд бæрæгбонау. Сæйрагдæр та уыди, сывæллæттæ цы цæттæдзинад равдыстой, уый.
Æвзонг дзюдоисттимæ ахæм хуызы кусыны амидингæнджытæй иу у нæ зындгонд дзюдоист, спорты сгуыхт мастер Тменаты Тамерлан. Уый абон у Дзæуджыхъæуы Дзюдойы сæрмагонд скъолайы директор æмæ, кæстæртимæ куыст куыд цæуы, уый тыххæй зæгъы: «Мах рæзгæ фæлтæр цæттæ кæнæм канд татамийыл дæсны хæцынмæ нæ, фæлæ царды æндæр дæсныйæдтыл дæр æнувыд уæвыныл. Хъуамæ нæ хъомылгæнинæгтæ, дзюдойæ уæлдай, ахуыр кæной æвзæгтæ, зоной математикæ, æмхиц уой музыкæ æмæ æндæр аивæдтæм. Ацы хъуыддаджы нæ фарсмæ æрбалæууыдысты ахуыргæнджытæ дæр. Сæ иу у ацы колледжы директор Саситы Леонид. Мах бузныг зæгъæм, абон нæм цы кадджын уазджытæ æрбацыд, уыдонæн. Нæ кæстæртæн уыдоны æрбацыд у спорт æмæ зонындзинæдтæм тырныны хос».
Кæстæртимæ ахæм лæмбынæг куыст цæудзæн, æрæджы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фæндонæй цы ног партион проект «Тыхджынты равзæрст» арæзт æрцыд, уый фæлгæты.
Баскаты Уырызмæг