Йæхи ирон чи хоны, уый хъуамæ рафысса газет «Рæстдзинад»

0
100

Кæд уыд, æмæ газет, национ уæвгæйæ, йæ тиражæй фæсте баззайа? Махмæ та афтæ рауад. Цæмæн? Кæй аххосæй, кæй фыдæй? Газет «Рæстдзинад»-ы кад дæлæмæ цæмæн уадзæм, алкæмæ дæр нæ цавæрдæр фадæттæ ис, хъуамæ сæ пайда кæнæм, рафыссæм æй. Йæ тираж хъуамæ зынгæ фылдæр уа, æмæ нæ уый комкоммæ алкæй хæс дæр у. Хъуамæ уый æмбарæм.


Газет адæмон у, уымæ гæсгæ йæ кад адæмæй кæнгæ у. Адæм та ныртæккæ уæззау уавæрты цæрынц, сæ фылдæр газет рафыссынхъом не сты.
Хъуамæ, сæ цуры чи балæууа, сæ хæдзæрттæм сын «Рæстдзинад» фæхæццæ кæныны хæс йæхимæ чи райса? Нæ бон цы у, уый хъуамæ æмхуызонæй скæнæм. Бавналæм-ма, уæдæ, нæ уарзон адæмон газет «Рæстдзинад» рафыссынмæ!
Посты бастдзинады хайад куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы азы дыккаг æмбисæн газет рафыссыны аргъ у 1711 сомы æмæ 20 капеччы. Адæмы льготон къордты минæвæрттæн ис газет асламдæрæй, ома 1390 сомы æмæ 92 капеккæй рафыссыны фадат.
Газет «Рæстдзинад»-ы индекс – 53901. Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы!
Нæ адæмон газет «Рæст-дзинад» рагæй кæсын. Мæ уарзондæр газет у! Æфсады куы службæ кодтон, уæддæр æй истон. Нæ Ирыстоны хабæрттæ зыдтон. Уæдæ, академийы куы ахуыр кодтон, уæддæр афтæ! Куыдфæс-тæмæ газеты кусджытæ се ’ппæт дæр мæнæн мæ æрвадæлтау систы. Сæ иуæй иннæ курдиатджындæр у. Се ‘рмæджытæ сты тынг зæрдæмæдзæугæ! Фæлæ газеты куы фенын, редакци нæ адæммæ куыд сиды, цæмæй йæ рафыссой, уый тыххæй æрмæг «Йæхи ирон чи хоны, уый хъуамæ рафысса газет «Рæстдзинад», уæд тынг мæстджын свæййын. Æмæ куыннæ.
Ау, уый куыд у, æмæ ма зоной, нæ Республикæйы цытæ цæуы, уый!
Мæнмæ гæсгæ, редакци кæй хаты адæммæ, уый фаг нæу. Уынæм æй нæхæдæг, йæ тираж гыццыл кæй у. Мæнмæ гæсгæ, хъуамæ нæ хицауад карздæрæй бадомой алы районты администрацитæй, цæмæй, æнæмæнг, рафыссой «Рæстдзинад» йе уыйбæрц тиражæй. Кæд цæрджыты ‘хсæн ахæмтæ ис, æмæ йæ бон нæу, æцæгæйдæр, газет рафыссын, уæд та йын æххуыс бакæной. Худинаг æмæ аллайаг. Нæ адæмон газет ахæм уавæры уа, уый нæ адæмы иннæ республикæты раз æгады бынаты æвæры. Хаттæй-хатт мæхæдæг дæр газетмæ цыдæртæ афыссын æмæ, куы фæфæрсын мæ зонгæты, бакастæ мæ уацхъуыд, уæд алы хатт «бакастæн» зæгъæг нæ вæййы! Кæсут газет «Рæстдзинад!»

Дзбойты Михал,
УФ-йы сгуыхт
скульптор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here