Чызджытæ ракодтой сæрæн хæст

0
82

Мæскуыйы æхсæзæм хатт цыдысты Æппæтуæрæсеон Спартакиадæйы ерыстæ боксæй. Ерысты архайдтой фæсивæдон кары (19-22 азы онг) лæппутæ æмæ чызджытæ.

Чызджыты ерысты сæхи сæрæнæй равдыстой Ирыстоны минæвæрттæ: Хъуылаты Софиа, Дзæгъойты Дианæ æмæ Беркъаты Камиллæ.
Тренер Елойты Аланы хъомылгæнинæгтæ Хъуылаты Софиа æмæ Дзæгъойты Дианæ ерыс кодтой 57 кг онг уæзы. Уæлдай æнтыстджындæр рауад Софиайы архайд. Уый рамбылдта йæ æртæ ныхмæлæууæджы æмæ ссис Спартакиадæйы уæлахиздзау.
Дзæгъойты Дианæ дæр равдыста хорз цæттæ-дзинад. Фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл, фæлæ æрдæгкæронбæттæны хæрз чысыл фæкъуылымпы æмæ бацахста 3-аг бынат. Афтæ рауад тренер Кæркуысты Павелы хъомылгæнинаг Беркъаты Камиллæйы турнирон фæндаг дæр. Камиллæ æнæ-
къуыхцыйæ рацыд ерысты æрдæгкæронбæттæнмæ, фæлæ йын уæлдæр схизын нал бантыст æмæ бацахста 3-аг бынат.
Æмткæй райсгæйæ, нæ чызджыты архайд ахæм бæрнон ерысты баныма-йæн ис хорз æнтыстыл.
Нæ чызг-боксерты хис-тæр тренер Елойты Алан уый тыххæй зæгъы: «Спартакиадæйы архайдтой Уæрæсейы округты тыхджындæр боксертæ, æмæ уыдонимæ ерысты æртæ хæрзиуæджы рамбулын у хорз бæрæггæнæн.
Хъуылаты Софиа амæй размæ бацахста 1-аг бынат Уæрæсейы ацы кары чызджыты ерысты. Ныр Софиа йæхи цæттæ кæндзæн, октябры цы дунеон ерыстæ цæудзысты, уыдонмæ».

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here