Куыд иннæ регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр дарддæр æххæстгонд цæуы дзыллон экологон акци «Уæрæсейы дон». Ацы хатт акцийы архайæг уыдысты Горæтгæрон районы хъæды хæдзарады кусджытæ.
Горæтгæройнаг хъæдгуыстгæнджытæ æмæ иннæ бархионтæ зиумæ рацыдысты æмæ алыхуызон бырæттæй асыгъдæг кодтой Камбилеевкæйы цæугæдоны былгæрæттæ Октябрыхъæумæ ’ввахс. Хус къалиутæ, пластикон æппарæццæгтæ, æндæр бырæттæ иу февнæлдæй уæзласæн хæдтулгæты бавгæдтой æмæ сæ сæрмагонд полигонмæ аластой…
Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цард æрдзы фæрæзтимæ чи сбаста, йæ дæсны-
йадæн хъæдыл аудын чи равзæрста, уыцы адæймагæн хорз зындгонд у, куыд бæстон хъахъхъæнинаг сты нæ цæугæдæттæ, куыд ахады сæ алфамбылайы санитарон сыгъдæгдзинад иумæйаг экологон уавæрыл.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 2025 азы райдайæнæй нырмæ федералон акци «Уæрæсейы дон»-ы фæлгæты республикæйы арæзт æрцыд цæугæдæтты былгæрæтты санитарон сыгъдæгдзинады 30 зиуæй фылдæр. Уыимæ, ахæм экологон мадзæлттæ дарддæр дæр арæзт цæудзысты.
Зæгъын хъæуы, акци «Уæрæсейы дон» фыццаградон национ проект «Экологон фæрныгад»-ы уагæвæрдмæ гæсгæ æххæстгонд кæй цæуы, уый дæр.
Калманты Аслан














