Фрайты Сослан – Физикон культурæ æмæ спорты министрады ног разамонæг

0
182

Знон Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сосланимæ.

Республикæйы разамонæг Фрайы-фыртæн фæндон бахаста, цæмæй æрлæууа Физикон культурæ æмæ спорты министрады сæргъы.

«Фрайы-фырт у, спорты къабазмæ комкоммæ бар чи дары, уыцы адæймаг. Хорз æмбары, ног бынаты кусгæйæ, сæйрагдæр æргом цы фарстатæм аздахын хъæудзæн, уый. Нæ абоны фембæлды йын йæ размæ сæвæрдтон цалдæр ахсджиаг нысаны. Уыдон баст сты Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты дарддæры райрæзтимæ», – йæ телеграм-каналы ныффыста Сергей Меняйло.

Уыимæ, министрады ныртæккæйы разамонæг Хуадонты Артур нырæй фæс-
тæмæ кусдзæн министры хæдивæгæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here