РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй уыд Социалон-фæллойадон ахастдзинæдты фарстаты фæдыл æртывæрсыг къамисы радон æмбырд. Уым бæстон ныхас рауад сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, сахъат адæм æмæ фæсивæдæн куысты бынæттæ дæттыны фарстатыл.
Адæмæн куыст дæттыны республикон комитеты сæрдары хæдивæг Эллæ Авакова йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй регионы фæллойы базары уавæр, æмткæй райсгæйæ, зæрдæхсайгæ нæу, ис æм лæмбынæг цæстдард профилон ведомствæты ’рдыгæй. Йæ хъусынгæнинагмæ гæсгæ, адæмæн куысты бынæттæ дæттыны хъуыддаджы уæрæх пайдагонд цæуы национ проект «Кадртæ»-йы фадæттæй, стæй фæллойы базары нывыладæн ахъазгæнæг регионалон программæтæй. Респуб-
ликон æмæ федералон бюджетты фæрæзтæй куыстагур адæмæн арæзт цæуынц стажировкæтæ куыстуæттæ æмæ организациты, профессион дæсныдзинад фæбæрзонддæр кæнын æмæ ног дæсныйад райсыны ахуыртæ…
Эллæ Авакова куыд загъта, афтæмæй азы райдайæнæй нырмæ комитетмæ бахатыдысты 4 мин куыстагур адæймагæй фылдæр. Уыдонæн сæ
61 проценты нымад æрцыдысты æгуыст адæмыл, снысан сын кодтой сæрмагонд пособитæ. Официалон æгъдауæй регистрацигонд чи ’рцыд, уыцы æгуыст адæмы нымæц ныртæккæ у 2,5 мины бæрц. Уыимæ, дзуаппон рæстæгмæ куыс-
ты бынæттæ ссардæуыд 1,5 мин адæймагæн.
Профилон комитеты минæвары раныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис бацамыдта, цæмæй сæрмагонд æргом здæхт æрцæуа, ахадгæ инвестицион проектты фæлгæты республикæйы цы куыстадон объекттæ арæзт цæуы, уыдон кусæг тыхæй куыд ифтонг цæуынц, уымæ. Уыимæ, ахæм архайд æххæст кæнгæйæ, уæлдай лæмбынæг цæстдард хъуамæ уа сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн, сахъат адæм æмæ фæсивæдæн куысты бынæттæ дæттыны, уыцы социалон къордты минæвæртты фæллойадон бартæ хъахъхъæныны фарстатæм.
Æмбырды докладтæ скодтой Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, РЦИ-Аланийы Фæллойы паддзахадон инспекцийы разамонæг Берозты Тамерлан æмæ æндæр ведомствæты минæвæрттæ.
– Нырыккон экономикæ æмæ фæллойы базары уавæры зынгæ ивддзинæдтæ кæй цæуы, уый хынцгæйæ, æппæт фадæттæй архайын хъæуы, цæмæй æппæт сæвзæргæ фарстатæ дæр кусджыты, куыстдæтджытæ æмæ хицаудзинады оргæнты иумæйаг уынаффæйæ æвæстиатæй лыггонд цæуой. Республикæйы куыстагур алкæцы цæрæг дæр хъуамæ зона, паддзахады ’рдыгæй йын æххуыс кæй уыдзæн, уый, – æмбырды кæронбæттæны бафиппайдта Хицауады Сæрдар.
Сланты Аслан














