Цæгат Ирыстоны æртæ минæвары систы национ преми «Бæстæйы хъомыс йæ адæм сты»-йы лауреаттæ. Ацы кадджын хæрзиуæг нысангонд æрцыд Президент Владимир ПУТИНЫ хъæппæрисæй.
Мæскуыйы, концертон зал «Зарядье»-йы уыд фыццаг национ преми «Бæстæйы хъомыс йæ адæм сты» раттыны фæдыл кадджын æмбырд. Премийы фыццаг лауреатты номхыгъды сты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр: Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыцы хæстонты бинонты æппæтуæрæсеон иугонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Татьянæ Днепровская, Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ассоциацийы сæрдар Магкæты Олег æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Хъайырты Тимур.
Кадгæнæн мадзалмæ сæмбæлыны фадат уыд Магкæйы-фыртæн. Премийы тыххæй æвдисæндар æмæ риуылдаргæ нысан Олегæн ратта федералон фонд «Фыдыбæс-тæ хъахъхъæнджытæ»-йы управленийы хицау Михаил Артамонов.
«Национ преми мын кæй саккаг кодтой, уый мæхицæн уæлдай кадыл нымайын. Уымæй уæлдай, ацы хæрзиуæг æвдисæн у, нæ уынаффæтæ æмæ хъуыддæгтæ рæстаг кæй сты, уымæн», – æмбырды фæстæ фæбæрæг кодта Магкæты Олег.
Æппæтуæрæсеон преми «Бæстæйы хъомыс йæ адæм сты» раттыны фæдыл æмбырд сарæзтæуыд фыццаг хатт. Лæвæрд цæудзæн, бæстæйы дарддæры райрæзтмæ технологиты, ахуырады, наукæйы, амалхъомад æмæ социалон лæггæдты къабæзты аккаг бавæрæн чи хæссы, уыцы адæмæн. Преми раттыны фæдыл цæттæгæнæн мадзæлттæ сты Стратегион хъæппæристы федералон агентады, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад æмæ фонд «Росконгресс»-ы бæрны.
КАЛМАНТЫ Аслан














