РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО республикон ведомствæтæ æмæ муниципалитетты разамонджытæн цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым ныхас уыд, æрдзон лæсæнты тæлмыты, стæй кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, уыцы адæмы ног цæрæнуæттæй ифтонг кæныны фарстайыл.
Фембæлды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны, бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы хæйттæ дих кæныны фарстатæм дæр.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы Президент æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг сæ амæйразмæйы фембæлды æрдзырдтой æрдзон лæсæнты тæлмытæй адæмы ног цæрæн бынæттæм раивыны хъуыддагыл дæр. Профилон ведомствæты минæвæртты хатдзæгмæ гæсгæ, ныртæккæ ахæм тæссаг уавæрты сты Мæздæджы, Алагиры, Дыгуры æмæ Æрæфы районты хицæн цæрæн бынæтты хæдзæртты иу хай.
Уæлдæр амынд æууæлтæ хынцгæйæ, Сергей Меняйло бæрнон министрадты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй бамбырд кæной сæ фæндæттæ æмæ саразой адæмы лæсæнтæй тæссаг тæлмытæй ног цæрæн бынæттæм раивыны фæдыл республикон программæйы проект. Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, программæйы бæлвырд бæрæггонд хъуамæ æрцæуой, ног цæрæн хæдзæрттæ кæм арæзт цæудзысты, стæй финансон хæрдзты гуырæнтæ.
Ахæм фæткы бындурыл куыст цæудзæн, кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, уыцы адæмы ног фатертæй сифтонг кæныны фарстайыл дæр. Специалистты хатдзæгмæ гæсгæ, кæлæддзагыл цы объект-тæ банымадтой, ахæмтæ Цæгат Ирыстоны ныртæккæ ис 152 бирæфатерон цæрæн хæдзары (уыимæ, уыдоны уавæр дæр алыхуызон у: иуты сæ бынтондæр фехалын хъæуы, иннæтæ та – бындуронæй рацаразын).
Сергей Меняйло муниципалитетты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй Арæзтад æмæ архитектурæйы æмæ Фæллой æмæ социалон рæзты министрадтæм бадæттой, сæ царды уавæртæ фæхуыздæргæнинаг кæмæн сты, уыцы адæмы бæстонгонд номхыгъдтæ. Уымæй уæлдай, районты сæргълæу-джытæ Хицауадмæ хъуамæ бадæттой хъусынгæнинæгтæ, сидзæртæ æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæттæн цавæр социалон æххуыс кæнынц, уый фæдыл.
– Амынд лыггæнинаг фарстатыл дæсгай азты дæргъы фаг куыст нæ цыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, иу цæфæй хъуыддаг зæрдæзæгъгæ арæзт не ’рцæудзæн, фæлæ йыл бæрнонæй бакусын кæй хъæуы, тыхст адæмы царды уавæртæ къæпхæнгай фæхуыздæр кæнын кæй хъæуы, уый дызæрдыггаг нæу. Æппæт паддзахадон оргæнтæ дæр фарстайыл бæстон кæй бакусдзысты, ууыл мæ зæрдæ дарын, – ныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.
СЛАНТЫ Аслан














