Ахсджиаг инвестицион проекттæ – экономикон размæцыды бындур

0
165

РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барис республикæйы Хицауадæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас уыд ахадгæ инвестицион проекттæ æххæст кæныныл. Фембæлды архайдтой проектты инвестортæ дæр.

Хъомысджындæр инвестицион проекттыл куыст куыд цæуы, уый тыххæй уыд йæ раныхас республикæйы экономикон рæзты министр Сокаты Маратæн. Министры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, æнтыстджын архайд цы проекттыл цæуы, уыдонæй иу у балергæсаг дарæн куыстуаты арæзтад. Уæвгæ, кæсагдарджытæ ныридæгæн сæ архайдмæ бавнæлдтой, фыццаг къæпхæныл цы бассейнтæ сарæзтой, уыдоны ныридæгæн кæсаг ауагътой. Ныртæккæ уал компанийы фæзынд 100 кусæн бынаты бæрц. Уыимæ, архайд цæуы компанийы куыстадон хъомыс фæфылдæр кæныныл, куыд нысангонд цæуы, афтæмæй хæстæгдæр фидæны кæсаг бауадздзысты ног 30 бассейны дæр.

Пъланы бындурыл æххæстгонд цæуы хъæрмуæтты комплекс «ТК Алания»-йы фыццаг къæпхæны арæзтады проект дæр. Ныртæккæ уал компани сарæзта хъæрмуæтты комплексы 31 гектары æмæ административон бæстыхай. Сæрды кæронмæ ма сараздзысты хъæрмуæтты дыууæ блокы. Уый фæстæ инвестор æххæст кæнын райдайдзæн проекты дыккаг хай.

Нысангонд куыстытæ дарддæр æххæстгонд цæуынц курорт «Мамысон»-ы дæр. Ныртæккæ компани «Кавказ.РФ»-йы специалисттæ Мамысоны комы аразынц лæггæдты центр, хæххон лыжæты дыууæ трассæйы, хæхты фæхстæ митæй æмбæрзæн системæтæ, æндæр технологон комплекстæ. «Кавказ.РФ»-йы генералон директоры хæдивæг Владимир Лапухин куыд загъта, афтæмæй амынд объектты арæзтадыл инвестицион хæрдзтæ суыдзысты 4,4 миллиард сомы бæрц.

Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой фæлладуадзæн-хиирхæфсæн комплекс «Алания парк»-ы, паддзахадон арæныл илциисæн-логистикон терминалы, туристон-рекреацион базæ «Къæхтысæр»-ы, агро-туристон парк «Земля Осетия» æмæ æндæр инвестицион проекттыл дæр. Куыд загъдæуыд, афтæмæй æппæт нысангонд куыстытæ дæр афойнадыл æххæстгонд цæуынц.

Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй æппæт проекттæ дæр уæлдай ахсджиаг сты республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзтæн.

– Уæлдæр амынд проекттæм Хицауады ’рдыгæй ис уæлдай бæстон цæстдард, нæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ æххуыс кæнæм инвестортæн. Уыдоны проекттæн сæ иумæйаг аргъ у 75 миллиард сомы бæрц. Уыцы фæрæзтæй уал хъуыддаджы бацыд 55 миллиард сомæй фылдæр. Амынд проектты фæрцы республикæйы ныридæгæн фæзынд 2 мин кусæн бынатмæ ’ввахс, – загъта Хицауады Сæрдар.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here