Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты цалдæр æхсæнадон фæлладуадзæн бынаты дарддæр цæуынц фæлгонцадон куыстытæ. Цалцæггæнджытæ кæм архайынц, уыцы бынæттæй иу у æфсады инæлар Плиты Иссæйы цыртдзæвæнмæ ’ввахс фæзуат.
Фæстаг цалдæр азы дæргъы къæпхæнгай цалцæггонд цæуынц Терчы былгæрæттæ. Ацы аз аразджытæ бавнæлдтой Иссæйы цыртдзæвæны алфамбылайы фæлгонцадмæ.
Аразджытæ цæугæдоны былгæрæттæ асыгъдæг кодтой зæронд асфальт æмæ плиткæйæ. Фæзуат ныр æмбæрзынц ног къæйдурæй. Уыимæ, къахвæндæгты былгæрæттæ ныридæгæн рафидыдтой ног бордюртæй. Хæстæгдæр рæстæг бынаты сæвæрдзысты бандæттæ æмæ хъеллаугæнæнтæ, фæзуат срухс кæндзысты ног цырæгътæ… Аразджытæ зæрдæ æвæрынц, фæзуаты цы бæлæстæ æмæ къутæртæ ис, уыдон нысангонд куыстыты рæстæг хъыгдард кæй нæ баййафдзысты, уымæй.
Иссæйы цыртдзæвæнмæ ’ввахс сног кæндзысты парапеттæ дæр – бетон къæйтыл бафидар кæндзысты æфсæйнаг нывæфтыдтæ.
Горæты администрацийы куыд радзырдтой, афтæмæй ацы участок куы сцæттæ уа, уæд та бавналдзысты Цæнгæт хиды дæллаг фарсы (хидæй фысымуат «Владикавказ»-ы онг) цалцæгмæ.
Зæгъын хъæуы, амынд фæлгонцадон куыстытæ фыццаградон национ проект «Инфраструктурæ – цардæн»-ы фæлгæты кæй æххæст кæнынц, уый дæр.
Калманты Аслан














