Цæгат Ирыстоны æппæты дæрддзæфдæр хъæу у Гæлиат, æрбынат кодта Уæллагкомы, Дзæуджыхъæуæй 120 километры дарддæр (Дыгургомы хуссар-скæсæнварс). Ам, Гæлиаты (хонынц ма йæ Дыгургомы «Мачу-Пикчу»), куыд Ирыстоны иннæ кæмтты, ис къорд кувæндоны, сæ сæйрагдæр – Фæрон. Йæ бæрæгбон вæййы июлы.
Хъæуы зæронддæр цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Фæроны кувæндоны (Фæрон иронау – фарн амонд, фæрныгад, бæркад) уыд ахæм дур, æмæ-иу хусрæстæг куы скодта, уæд-иу æй æддæмæ рахастой æмæ-иу æй, йæ фæрсты цы чысыл цæугæдон кæлы, уым нытътъыстой, афтæмæй-иу зæдæй ракуырдтой, цæмæй уæлæрвтæ уарын раттой. Кувæндонæн ахæм нымд кодтой бынæттон цæрджытæ æмæ-иу, йæ рæзты цæугæйæ, искæмæй исты куы ахауд, суанг зынаргъ дзаума дæр, уæддæр-иу æй уым ныууагътой. Гæлиат революцийы агъоммæ хæхбæсты стырдæр хъæуыл нымад уыд, æмæ-иу, ардыгæй исчи дард ранмæ куы цыд (ахæмтæ та гыццыл нæ уыдысты, суанг ма Америкæмæ дæр ныххæццæ сты бирæтæ), уæд-иу семæ хи хъахъхъæнынæн кувæндонæй райстой дур, æмæ-иу æй, фæстæмæ æрбаздæхгæйæ, йæ бынаты сæвæрдтой. Ног уайсадæг чындзытæн йæ рæзты цæуын не ‘мбæлд, æмæ-иу ыл дæрдты æрзылдысты. Бæрæгбоны фынджы уæлхъус адæм куывтой, куырдтой Фæронæй фæрныгад, æнæниздзинад, рæстæджы хорз ахаст, хъæздыг тыллæг. Куывд арæзт цыд ирон æгъдаумæ гæсгæ, фынг уыд хуымæтæг – чъиритæ, дзидза (фыс кæнæ стуры). Кувинæгтæ кодтой хæдзары, æнæдзургæйæ, былтæ æмбæрзт, афтæмæй, æмæ-иу сæ кувæндонмæ схастой. Сылгоймæгтæн мидæмæ цæуыны бар нæ уыд. Адæм бæрæгбоны агъоммæ къуыри ком дардтой, карз нуазинæгтæ нуазын, тамако дымын, маргъы фыд хæрын, æвзæр дзыхæй дзурын æмæ хыл кæнын не ‘мбæлд. Бæрæгбонмæ цыдысты ирд дзаумæтты, сæр хъуамæ уыдаид æмбæрзт æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рæсугъд хъуыдытимæ. Фæроны зæд куыд табуйаг уыд, уый тыххæй дзурæг у уый дæр, æмæ нæлгоймæгтæ йæ бынмæ цыдысты бæгъæввадæй, цæмæй сыгъдæгæй баззайа, нæлгоймæгтæ-иу сæ худтæ систой, афтæмæй йæм куывтой.
Фæлæ советон дуджы бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, æмæ, кæд сæ фылдæр хорзырдæм уыдысты, уæддæр дзы уыд, æппæрццæгтæ, нæ традицион хæзнатыл нын нæ къух кæй исын кодтой, ахæмтæ. Уыдонæй иуыл нымайын, нæ адæмы динимæ баст традицион бæрæгбæттæ нын кæй нал уагътой бæрæг кæнын, уый. Уыцы заман Фæроны кувæндон дæр заууатмæ цæуын байдыдта, дзуары лæг дæр дзы нал уыд. Фæлæ уавæр цæхгæр фæивта ног дуджы, адæм та сæ фыдыуæзæг, сæ уидæгтæ агурын райдыдтой. Кувæндон йæ фыццаг уагмæ æркодтой, йæ фæзуат ын ныссыгъдæг кодтой, быруйæ йæ æрæхгдтой, дон æм бауагътой, саратæ æмæ кусæн хатæнтæ дзы сарæзтой. Кæд раздæр куывд саразыны хъуыддаг сæхимæ истой иугай бинонтæ, уæд фæстаг ссæдз азы та – иугай, искæд иу хатт та – дыгай мыггæгтæ.
Хъæуы, хъыгагæн, бирæ цæрджытæ нал ис, гæлиатæгты фылдæр хай цæры быдыры хъæутæ æмæ горæтты, уымæ гæсгæ бæрæгбон цыппæрæмæй сабатмæ ахастой. Ацы аз дæр, куыд 2004 æмæ 2017 азты, бæрæгбон 19 июлы сарæзтой Гасынтæ. Уыдоны мыггаг дæр, куыд Арсæгтæ, равзæрд садойнаг Бесолты мыггагæй. Дзуары лæджы хæстæ æххæст кодта Гасынты Артем. Рай-
гуырд Гæлиаты, фæлæ 1980 азты æмбисæй нырмæ йæ бинонтимæ цæры Æрыдоны. Фæроны зæды бынмæ сæ æртыгай чъиритæ æмæ бæгæны æрбахастой канд Гæлиаты цæрджытæ æмæ ардыгæй рацæуджытæ нæ, фæлæ иннæ хъæуты цæрджыты минæвæрттæ – Хъыргъуытæ, Текъойтæ, Къусратæ, Тауаситæ… Сæ куывдтытæ Хуыцау æмæ Фæроны зæдмæ дзæбæхæй фехъуысæнт.
Рæстæг цæуы æмæ йемæ ивддзинæдтæ хæссы, уыимæ – нæ бæрæгбæттæм дæр, фæлæ уыцы ивддзинæдтæ хатгай хорзырдæм нæ вæййынц. Нæ фæивгъуыдтой Фæроны куывдыл дæр – зæды бынмæ хæссынц карз нозт, сылгоймæгтæ – бæгъæмсарæй. Æппæт уыдæттæ æз растыл нæ нымайын, фыдконд кæнынц бæрæгбон, ницы бар дарынц не ‘гъдæуттæ æмæ традицитæм. Бæрæгбоны вæййы музыкæ, кафт, зард, æмæ уый дæр, мæнмæ гæсгæ, раст нæу. Уыцы цъæхахст музыкæ адæмы хъыгдары, куывдтытæ нал фæхъуысынц. Растдæр уаид бæрæгбон æнæ карз нозт æмæ æххуырсгæ музыкæйæ арвитын, Ирыстоны фæсивæд Рекомы куыд саразынц бæрæгбон, афтæ. Сылгоймæгтæн та сæ сæртыл – сæрбæттæнтæ, афтæмæй куы цæуиккой зæды бынмæ. Мæ фæндоныл разы уыдысты гæлиатаг кадджын хистæртæ: Хъалаты Сергей, Езеты Петр, Гæлæбуты Мухарбег, Мысырты
Витали, Салхъазанты Æхсар, Толасты Батрадз, стæй 2026 азы дзуары лæг Езеты Естъайы фырт Бола дæр.
ХЪАРДАНТЫ Тимур, историк, æхсæнадон уацхæссæг














