1 августæй Пенсион фонд фæфылдæр кæндзæн сæ пенситæ, кусгæ чи кæны, уыдонæн. Ныхас цæуы, 2024 азы чи куыста, 35 866 уыцы пенсиисæгыл.
Пенситæ цæмæй ногæй банымайой, уый тыххæй адæмы нæ хъæуы нæдæр курдиат фыссын, нæдæр никуыдæм цæуын. Пенсион фонд æхца йæхæдæг барвитдзæн картæтæм августы.
– Сæ пенситæ фæфылдæр уыдзысты кармæ гæсгæ, науæд та инвалид кæй у, уымæ гæсгæ пенси чи исы, уыдонæн. Уымæй уæлдай, фæфылдæр уыдзысты, сæ дарæг кæмæн нал ис, уымæ гæсгæ пенси чи исы, уыдонæн дæр, – зæгъы УФ-йы Пенсион фонды цæгатирыс-тойнаг хайады разамонæг Милдзыхты Аслан.
Бæлвырд æмæ фидаргонд коэффициентмæ гæсгæ алы хатт цы индексаци вæййы, уымæй августы индексаци кæны хицæн – алы пенсиисæгæн дæр нымад цæудзæн хицæнæй æмæ сæрмагондæй. Адæймагæн йæ официалон мызд цас фылдæр уыд, уый бæрц фылдæр уыдзæн, кæй йын бафтауой, уыцы æхцайы бæрц дæр. Кæй бафтаудзысты, æппынфылдæр уыцы бæрц уыдзæн æртæ пенсион коэффициенты. Коэффициенты аргъ аразгæ у, адæймаг пенси цы аз рацыд, уымæй. Адæймагæн цы пенсион коэффициент бамбырд, уый амынд вæййы, пенсион фонды алкæмæн дæр цы хицæн хыгъд ис, уым. Гæххæттытимæ базонгæ уæвæн ис, Паддзахадон лæггæдты порталы хи кабинетмæ бацæугæйæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, ацы азæй УФ-йы Пенсион фонд кæй райдыдта кусæг пенсиисджытæн сæ пенситæ фылдæр кæнын. Ныр æппæт пенсиисджытæн, фæнды кусой, фæнды – ма, сæ пенситæ фылдæр кæндзысты инфляцимæ гæсгæ. 2025 азы онг уыцы уæлæмхасæн бафыст æмбырд кодта, фæлæ фыст нæ цыд.
Бæлвырддæр хабæрттæн базонæн ис, ахæм телефонмæ лæвар бадзургæйæ: 8-800-100-00-01 (телефон кусы къуырисæрæй цыппæрæммæ 9.00 сахатæй 18.00 сахатмæ, майрæмбоны та 9.00 сахатæй 16.45 сахатмæ).
УФ-йы Пенсион фонды
цæгатирыстойнаг
хайады пресс-службæ












