Цæгат Ирыстоны Прокуратурæ йе ’рвылбоны архайды фыццаградон æргом цы фарстатæм здахы, уыдонæй иу у коррупцийы ныхмæ тохы фæдыл закъонæвæрынад æххæст кæнын.
Прокуророн кусджытæ ахадгæ мадзæлттæ аразынц, цæмæй коррупцион фæзындтытæ афойнадыл бæрæггонд цæуой, цæмæй ахæм нысаниуæджы æгъдаухæлдтытæ æмæ фыдракæндты æууæлтæ рагагъоммæ иуварсгонд цæуой. Уыимæ, уыцы архайды зынгæ бынат ахсынц, коррупциимæ баст цауты азымджын чи у, уыцы адæмы закъоны бындурыл бафхæрыны, цы зиантæ ракодтой, уыдоны ныхмæ ивартæ бафидыны мадзæлттæ дæр.
Æрæджы Прокуратурæйы хыгъд æрцыдысты, 2025 азы 6 мæйы дæргъы коррупциимæ тохы хъуыддаджы къухы цы бафтыд, уый бæрæггæнæнтæ. Афтæ, дзуаппон рæстæгмæ Прокуратурæйы кусджытæ раргом кодтой коррупцион фæзындтытимæ баст 1,8 мин æгъдаухæлдæй фылдæр. Прокурорты хъæппæрисæй дисциплинарон æмæ административон æфхæрд баййæфтой 588 адæймаджы. Прокуророн цæстдарды æрмæджыты бындурыл сарæзтæуыд 8 уголовон хъуыддаджы.
Бæрæггонд æгъдаухæлдтыты зынгæ хай ныридæгæн иуварсгонд æрцыд. Уыимæ, паддзахадон исбонадмæ ногæй раздæхтой, сæ балхæныны æууæлтæ æргом кæмæн нæ уыдысты, ахæм цалдæр объекты 40 милуан сомы аргъæй. Коррупцион фæзындтытимæ баст æгъдаухæлдтытæ æмæ фыдракæндтæй цы 23 милуан сомы аргъ зиантæ рачындæуыд, уыдонæй азымджынтæ ныридæгæн 13 милуан сомы бæрц фæстæмæ паддзахадмæ аздæхтой. Æппæт иннæ цауты фæдыл дæр цæуы слестгæнæн æмæ æндæр цæстдарæн архайд.
РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы пресс-службæ












