Дисы бафтыдтой Севастополы аивадуарзджыты

0
47

«Херсонесы аивæдты стыр фестиваль» кæронмæ æрхæццæ Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны хайады симфонион оркестры концертæй Севастополы концертты сæйраг фæзуаты. Амыдтой йæ дирижертæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Гугкаты Зауырбег æмæ дунеон музыкалон конкурсты лауреат Хъарданты Зæлинæ. Концерты программæ уыдис Петр Чайковскийы райгуырды 185 азы кадæн, æмæ дзы райхъуыстысты зындгонд уырыссаг композиторы 5-æм симфони, стæй ирон композитортæ Æлборты Феликс, Плиты Христофор, Гæбæраты Илья æмæ Хаханты Дудары музыкалон уацмыстæ.

Бынæттон дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй концерты рæстæг зал адæмæй уыдис йемыдзаг, уыдон дзæуджыхъæуккаг уазджытæн сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд, концерты фæстæ оркестры музыкантты арфæты бын фæкодтой, афтæ тынг фæцыд сæ зæрдæмæ сæ архайд.

«Фæнды мæ зæрдиаг арфæ ракæнын «Херсонесы аивæдты стыр фестиваль» саразджытæн, уый махæн парахат бар ратта ам нæ арæхстдзинад равдисынæн. Нæ артисттæ зæрдиагæй бацархайдтой, цæмæй аивадуарзджытæ разыйæ баззайой», – загъта Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны хайады симфонион оркестры разамонæг Дмитрий Семенюк.

Егъау культурон проект «Херсонесы аивæдты стыр фестиваль» цæуы ам 2025 азы майы мæйæ сентябрмæ Музейон-кувæндæтты комплекс «Ног Херсонесы» Уæрæсейы Федерацийы культурæйы министрады æххуысæй. Йæ расидæг та у федералон паддзахадон культурæйы бюджетон кусæндон «Росконцерт».

Фестивалы программæйы июлы архайдтой Цæгат Кавказы музыкалон коллективтæ, кæронбæттæн концерт раттыны бар та æрхаудта Дзæуджыхъæумæ.

Мариинаг театры Цæгат Ирыстон-Аланийы хайады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here