Хъомысджын коммуналон техникæ – лæварæн

0
144

Цæгат Ирыстонмæ схæццæ Мæскуыйы Хицауады лæвар – коммуналон техникæйы дыккаг къорд. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй республикæ иуæй-иу къуыхцытæ æййафы сæрмагонд коммуналон техникæйæ ифтонгдзинады хъуыддаджы. Уый аххосæй зæрдæзæгъгæ хуызы æфснайд нæ цæуынц горæттæ æмæ хъæуты уынгтæ, парктæ æмæ æндæр æхсæнадон бынæттæ.

Уыцы æууæл хынцгæйæ, æрæджы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бахатыд Мæс-куыйы разамындмæ, цæмæй республикæйæн гæнæн æмæ амалæй баххуыс кæна коммуналон техникæйæ.

Æмæ уыцы курдиат фæрæстмæ. Мæскуыйы Хицауады уынаффæйæ Цæгат Ирыстонæн радих кодтой ахæм сæрмагонд техникæйы 25 иуæджы. Уыдонæй июлы Дзæуджыхъæумæ сæрвыстой 5 «КамАЗ» æмæ 3 тракторы (техникæ рахай кодтой Беслæны коммуналон службæтæн). Ацы бонты ма сыл ноджыдæр бафтыд – Мæскуыйæ схæццæ сты 6 ног тракторы.

«Трактортæ кусынæввонг сты, бакæнын ма сыл хъæуы æрмæстдæр æфснайæн æмæ сыгъдæггæнæн ифтонггæрзтæ. Ацы «Белорус»-тæ ратдзыстæм Алагиры, Æрæфы, Горæтгæрон, Дыгуры æмæ Кировы районты муниципалитеттæн», – загъта министрады минæвар.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй ацы мæйы кæронмæ Ирыстонмæ схæццæ уыдзæн коммуналон техникæйы иннæ хай дæр.

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here