Зынгсирвæзтытæ æмæ æндæр фыдбылызтæй æдасдзинады мадзæлттæ

0
91

РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй уыд республикон министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджыты æмбырд. Уым ныхас рауад Цæгат Ирыстоны ахуырадон кусæндæттæ зынгсирвæзтытæй, террористон фæзындтытæ æмæ æндæр фыдбылызтæй куыд хъахъхъæд цæуынц, ууыл.

Æмбырды райдайæны Дзанайы-фырт зæрдыл æрлæууын кодта, ахуырадон кусæндæтты
æдасдзинады хъуыддаджы алы профилон ведомствæты æнгом æмархайдæн цы стыр ахадындзинад ис, уый.

– Мах иумæйаг хъуыддагыл стæм бæрнон: цалцæджы пълантæм цы
ахуырадон кусæндæттæ хаст æрцыд, уыдоны рацарæзт хъуамæ афойнадыл ахицæн уа æмæ ног ахуыры азы ногæй байгом уой. Уыимæ, бындурон цалцæгæй уæлдай, æппæт
ахуырадон кусæндæттæ дæр хъуамæ ифтонггонд æрцæуой зынгсирвæзтытæй æдасдзинад æмæ террористон фæзындтытæй хъахъхъæнынады системæтæй. Уыцы куыстытæ кæй бæрны сты, уыцы организациты æнаипп архайдыл мæ зæрдæ дарын. Уыимæ, районты администрацитæ дæр хъуамæ уой уыцы куысты архайæг, – фæнысан кодта Дзанайы-фырт.

Боны фæткы фарстайы фæдыл доклад скодта УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Сæйраг цæгатирыстойнаг управленийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Кокайты Алан. Йæ ныхасмæ гæсгæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы амынддзинады бындурыл управленийы специалисттæ æнгом æмархайд кæнынц, ахуырадон кусæндæтты цалцæг кæй бæрны ис, уыцы подрядон организацитимæ. Ахæм архайды сæйрагдæр нысан у бындурон цалцæджы къæпхæныл бакæнын зынгсирвæзтытæ æмæ террористон фыдракæндтæй æдасдзинады системæтæ сæвæрыны куыст дæр. Кокайы-фырт куыд загъта, афтæмæй управленийы минæвæрттæ бæлвырд амынддзинæдтæ радтой, рацарæзты куыстытæ цы 35 ахуырадон объектыл цæуы, уыдоны разамонджытæ æмæ подрядчиктæн.

УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Сæйраг цæгатирыстойнаг управленийы минæвæртты хатдзæгмæ гæсгæ, хуыздæрæрдæм ивгæ цæуы ахуырадон кусæндæтты ифтонгдзинад æдасдзинады автоматикон комплекстæ æмæ видеоцæстдарды системæтæй.

Æппæт докладты фæстæ профилон ведомствæты минæвæрттæн лæвæрд æрцыд бæлвырд амынддзинæдтæ.

 КАЛМАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here