Йæ фарны хъуыддæгтæ – Иры кадæн

0
79

90 азы сæххæст  нæ республикæйы зындгонд ахуыргонд, историон наукæты доктор, профессор, бæстæзонæг, фыссæг æмæ журналист Хъуысаты Измаилы фырт Генрийы райгуырдыл. Ирыстонæн цы бирæ хæрзты бацыд, уыцы хъуыддæгтæн ранымайæн дæр нæй. Генри йæ удæй фылдæр цы ирон адæмы уарзта, уыдонæн ныууагъта хъæздыг наукон æмæ  иртасæн  бынтæ  этнографи æмæ  географийы. Генрийы хуызæн адæймæгты фæрцы хъахъхъæд æрцыд нæ истори, æмæ дзы абон сæрыстыр стæм. Иу къуым æнæ басгаргæ нæ ныууагъта, иртасæн куыст  кæм нæ бакодта!  Уыимæ сæ фысгæ та фæкодта, истори, географи æмæ фольклор иумæ  баиу кодта, афтæмæй, æмæ йын дзы рауад цымыдисаг таурæгътæ историйы бындурыл нывæзтæй.

Хъуысаты Генрийы  канд нæ республикæйы нæ, фæлæ зыдтой нæ бæстæйы алы дæсныйæдтыл хæст адæмтæ,  артисттæй райдай æмæ хуымæтæг скъоладзаутæй фæу.  Куыд бæстæзонæг, журналист, фыссæг, историон наукæты доктор,  афтæ йæ мидисджын  документалон кинонывтæ æмæ чингуытæ зæрдæскъæфт фæкодтой, чи сæ кастис, уыдоны. Се ‘хсæн дæн æз дæр. Канд чингуытæ нæ, фæлæ ма Генрийæн йæхи дæр хорз зыдтон. Уыдис мæ цардæмбал Дадтеты Астаны хорз хæлар. Бирæ хæттыты нæ уазæгуаты  йæхимæ фæхуыдта Хохы Дæргъæвсмæ.  Уæздан адæймаг, хæларзæрдæ, йæхи уæлдæр никуы никæмæй æвæрдта. Уый йе стыр интеллигентон æмæ ахуырады рæсугъддæр миниуæг уыд.  Куы-иу фембæлыдыстæм æмæ-иу æм  «Генрий Измайлович», куы сдзырдтон, уæд-иу мын,  уыцы цæстуарзонæй афтæ бакодта: «Тамила, зови  меня просто Генри».

Цал чиныджы рауагъта мыхуыры, уыдонæй  мын алкæмæй дæр зæрдылдарынæн йæ къухфыстимæ балæвар кодта. «Встречи со старым Владикавказом», «Неизвестная Осетия», «Владикавказ,  история в лицах», «Вокруг Коста», «Я хочу доверить вам тайну». Ирыстоны  рагон уынгтæ,  бынæттæ, хæдзæрттæ  æмæ адæймæгты цард æмæ архайды тыххæй  бæлвырдæй   фæфыста ацы чингуыты. Йæ цард иууылдæр снывонд кодта географи, истори  æмæ иртасыны  куыстæн. Ирыстоны ахæм  зæххы гæппæл  нæ баззад, Генри иртасæн куыст кæм нæ бакодта. Æз хъысмæтæй бузныг дæн, ахæм адæймæгты мæ царды лæгæй-лæгмæ кæй зыдтон, уымæй. Ацы номхыгъдмæ ма хæссын историк,  профессор  Тменаты Виталийы дæр.  Уыдоны фæрцы мæ зæрдæйы мæнæн дæр ссыгъд цымыдисдзинад нæ фыдæлты кæддæры царды уавæртæм, ивгъуыд дугты  сусæгдзинæдтæм.

Хъуысаты Генри райгуырд  1935 азы æфсæнвæндаджы кусæджы хæдзары. Йæхæдæг мын афтæ дзырдта: «Ном мын куы æвзæрстой, уæд мæ ныййарджытæ бирæ рахъуыды-бахъуыды фæкодтой. Уыцы рæстæг  хъуыстгонд уыдис францаг тæхæг  Анри Гийоме, æмæ мыл уый ном сæвæрынвæнд скодтой. Метрикæ кæм рафыссынц, уырдæм мæ фыд  æвдисæндар райсынмæ куы бацыд, уæд, гæххæттытæ чи фыста, уыцы сылгоймаг æххæст нæ бамбæрста ном Анри æмæ мæ Генрийæ ныффыста. Афтæмæй Генрийæ  баззадтæн». Йæ фыд æфсæддон лæг уыд  æмæ йæ службæйы фæдыл æрвыстой нæ бæстæйы алы горæттæм. Фæлæ Генри йæ сабибонтæ арвыста   Беслæны.

Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, æмæ Хъуысаты Измаил  фронтмæ ацыд, фæлæ  нал æрыздæхт.

1954 азы Генри каст фæци астæуккаг скъола æмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты географийы факультетмæ. Тынг  уарзта  æрдзы  хъæбысмæ балцыты цæуын  æмæ  журналистикæ. Райдыдта йæхи цыбыр  уацхъуыдтæ фыссын  республикон газет «Молодой  коммунист»-мæ, (абоны  «Слово»),  æмæ  йын  сæ æхсызгонæй мыхуыр кодтой. 1959  азы  ацы  газеты  ссис литературон хайады кусæг, архайдта курдиатджын фæсивæды  размæ  кæныныл, стæй та спорт æмæ фыстæджыты хайæдты сæргълæууæг, бæрнон секретарь æмæ сæйраг редакторы хæстæ æххæстгæнæгæй. 1967 азæй 1976 азмæ та куыста нæ республикæйы Бæстæзонæн музейы директоры хæдивæгæй. Уыцы рæстæг сæрæнæй архайдта наукон-иртасæн куысты, федералон æмæ регионалон ахадындзинад кæмæн уыдис, уыцы историон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны тыххæй телеуынынады арæзта равдыстытæ.  Арæзта  наукон экспедицитæ Цæгат Ирыстоны хæхбæстæ æмæ быдыртæм. Афтæмæй музейы фонд хъæздыгдæр кодта ног экспонаттæ æмæ алыхуызон документтæй, раздæр зындгонд чи нæ уыдис, ахæм адæймæгты нæмттæй. Тынг цымыдисæй-иу  кастыстæм равдыст «Поиски краеведа»-мæ. Йæ æвæджиауы историон сусæгдзинæдтæй-иу телевизоры экраны цурæй атонын нал куымдта адæймаг. Хъуысаты Генри дыууæ хатты архайдта, нæ бæстæйы уæды рæстæджы зындгонддæр равдыстытæй иу «Клуб кинопутешественников»-ы, фæхуыдта йæ уырдæм Юрий Сенкевич. Цæрæнбонты  иудадзыгдæр уыдис агурæн æмæ сгарæн хъуыддæгты  лæуд. Чысыл историон бынат  кæ-
нæ дзаумайы  дæр-иу егъау  ахадындзинад ссардта. Уый фæстæ райдыдта фыссын чингуытæ, йæхæдæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ дзы баиу кодта наукæ æмæ аивады  таг. 1979 азы бахъахъхъæдта диссертаци «Русско-осетинские культурные связи 30-60 г.г.  XIX века», зæгъгæ,  темæйыл.  1980 азы  та кусын райдыдта ЦИПУ-йы  экономикон, социалон æмæ политикон географийы  кафедрæйы ахуыргæнæгæй. 1998 азы дæр та наукæты  докторы диссертаци бахъахъхъæдта  Александр Пушкины уырыссаг-кавказаг бастдзинæдты фæдыл темæйыл. Уыцы аз Генрийæн лæвæрд æрцыд Къостайы преми йæ чиныг «Встречи со старым Владикавказом»-ы тыххæй.

1974 азы Генри бацыд Советон Цæдисы  Географийы æхсæнады рæнхъытæм. Университеты ма куы куыста, уæд ын æнцой нæ лæвæрдтой бирæ фарстатæ, Пушкин, Лермонтов æмæ Булгаков Ирыстоны цы цыбыр рæстæг фесты, уыцы цауты фæдыл иртасæн куысты мадзæлттæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад. Нæ æрдхæрæны поэтæн Генри снывонд кодта бирæ наукон уацтæ  æмæ телеравдыстытæ. 1979 азы бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта йæ монографи «Вокруг Коста». Генри йæ наукон-иртасæн куысты фылдæр азтæ снывонд кодта Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæн. Абоны онг дæр Ирыстоны цæрæг адæмæн зындгонд чи нæ уыдысты, поэты уыцы хабæрттæ æмæ йæ бастдзинæдтæ алы адæмтимæ Генри сбæрæг кодта. Уый тыххæй ахуыргонд агуырдта æмæ æмбæлд, рухс дунемæ йын Къостайы тыххæй иу хуры тын чи равдыстаид, ахæм кардзыд адæймæгтимæ. Фыста наукон  уацтæ,  арæзта семæ равдыстытæ. Йæхæдæг дæр-иу афтæ дзырдта: «Когда я писал книгу «Вокруг Коста», мне очень повезло встречать людей, которые еще помнили Левановича. Мне сложно было уходить из XIX века в XX век».

1995 азы Хъуысайы-фырт бавнæлдта Ирыстоны хæхты цард æмæ историйыл телеравдыстытæ аразынмæ. Мургай æмбырд кодта æрмæг Ирыстоны рагисторийы тыххæй.  «Мидаграбинские водопады» æмæ «Легенда горы Тбау» Æппæтуæрæсеон  журналистты 1-аг конкурс «Экология России» -йы райстой дыккаг преми. Йæ документалон кинонывтæ æнтыстджынæй æвдыст цыдысты Канадæ, Америкæ, Израиль, Франц æмæ Германы телеуынынадтæй. Бирæ азты дæргъы йæ агуырдтой туристты къордтæн экскурситæ аразынмæ. Генрийæ хуыздæр чи радзырдтаид Къæрæугомы  кæнæ Хъолайы  цъититы, Ирыстоны уазæджы хорзæй чи уыд, уыдоны тыххæй бæлвырд хабæрттæ. Адæймаг сæ йæ чингуыты куы фæкæсы, уæд сæрыстырдзинадæй йæ зæрдæ байдзаг вæййы. Генри, уыцы хабæрттæ æмбырдгæнгæйæ, канд нæ республикæйы архивты нæ, фæлæ ма æрмæг æмбырд кодта нæ бæстæйы æндæр горæтты архивты дæр: Пятигорскы, Стъараполы, Бетъырбухы, Мæскуыйы.

Хъуыды кæнын иу цау, кæддæр Генримæ Дæргъæвсы уазæгуаты нæ куыстæй  уыдыстæм. Фæхуыдта нæ æмæ нын уыйбæрц цымыдисаг хабæрттæ фæкодта, æмæ загътам, Дæргъæвс æнæхъæнæй дæр истори  куы у, зæгъгæ. Алы дур, алы уыгæрдæн æмæ фахс, мæсгуытæ, къæдзæхтæ, саппытæ – се ‘ппæты тыххæй дæр æм уыдис æнæхъæн таурæгътæ. Фæхынцта нæ хохаг битъынайы цайæ дæр. Йæ ад  ын абон дæр нæ ферох кодтон. Хъуысаты Генрийы тыххæй бирæ ис радзурæн, йæ фæллойæн стыр аргъгонд дæр æрцыд. Хорзæхджын æрцыд бирæ паддзахадон хæрзиуджытæй, фæлæ хæрзиуæг  лæггæнæг нæу. Уыцы хæрзиуджытæ  Хъуысаты Генрийæн йæхи уды арф æвæрд уыдысты, йæ туджы æнхъæвзтой. Йæ бирæ æнтыстдзинæдтæ та йæ къухы бафтыдысты, Ирыстон æгæрон уарзтæй кæй уарзта æмæ йæ цард æнæ Ирыстон кæй нæ уыдта, уыцы амонд рахæсгæйæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here