Ацы номхыгъд мын бирæ азты размæ ратта дзæнæты бадинаг Хъантемыраты Эльбрус. Уый ирон культурæйæн, этнографи æмæ историйæн цы бирæ хæрзты бацыд, уыдон ранымайæн нæй. Мургай æмбырд кодта нæ рагфыдæлты хæзнатæ, пырх æмæ дæрæн зæронд дзауматæ-иу реставраторты руаджы сцалцæг кодта. Абон дæр нæ республикæйы Бæстæзонæн музейы залты равдыстытæ хъæздыг сты Эльбрусы æмбырд экспонаттæй.
Ацы номхыгъды та ис, 1853-1855 азты туркæгты ныхмæ хæсты Нары комы хъæуты цæрджытæй чи архайдта, уыцы нæлгоймæгты мыггæгтæ æмæ нæмттæ. Сæ байзæддæгтæн æхсызгон уыдзæн сæ кой. Кæд ивгъуыды рагбонтæ сты, уæддæр алы мыггагæн дæр йæ фыдæлы истори æмæ хабæрттæ цымыдисаг сты. Номхыгъды фыст ис: «На Георгиевской и Андреевской ленте. Список воинов Нарского участка, участвовавших в действиях против турок 1853-1855 гг., которым в память войны в тех годах следует раздать бронзовую медаль».
Георгийы лентæйы фыццаг къæпхæны:
Зæрæмæгæй: Сихъоты Хъæвдын, Дзоцъиты Парса æмæ Гога.
Зругæй: Хозиты Годзо, Козаты Габæ, Амиран, Сæлæмон, Таугазты Дантъо æмæ Алеш, Бырнацты
Джакрнат, Бирæгъты Солти, Гакъа æмæ Къудзи.
Сласæй: Цуциты Бекмырзæ, Мæцыхъо, Гаджиты Богъи, Цуциты Гæнæбу, Битарты Цопан.
Регахæй: Гиоты Инарыхъо, Зохъо, Гицо æмæ Хосро, Сугъараты Бурс.
Камахæй: Еналдыты Созырыхъо æмæ Текъо.
Гуыркъуымтæй: Дзанайты Дзанаспи, Алхаз, Амыран, Гæбыла, Дзæх æмæ Дауыр, Отараты Барсæг, Хуыбецты Додти, Хуыбецты Гицо, Бырнацты Луа.
Тоборзайæ: Хуырымты Датуа, Пъауле æмæ Хъуыдайнат.
Цмийæ: Бигъуылаты Мырзабег æмæ Лекса, Хетæгкаты Леуан æмæ Дæхцыхъо.
Нарæй: Дзидаханты Тæга.
Цъебатæй: Бериты Гокки, Кочиты Тасо.
Сауыбынæй: Мамиаты Габе, Хæнæз æмæ Тасо, Саутæты Габи.
Джинатæй: Гуыбаты Тотырбег æмæ Темырыхъо, Хетæгкаты Сæлæмон.
Дзасыхæй: Гаджиты Куыдзæг, Тотиты Цопан.
Елгонайæ: Дзанайты Тепсыр, Басил, Гоги, Темырыхъо, Леуан, Куы-дзæг.
Эспейæ: Еналдыты Тайрыхъо, Хаситы Гуас.
Захъайæ: Гиоты Тапсыхъо, Калоты Тасолтан.
Тибслийæ: Гаджиты Батрадз æмæ Барсæг.
Худисæнæй: Ногъайты Таймураз.
Уарцъейæ: Гæджынаты Бæппын, Ногъайты Хъандуа, Мамиаты Æндрей, Баладзе Луарсаб.
Пуриатæй: Гиоты Леуан, Мамиаты Бицъо.
Дыккаг къæпхæны хæстонты номхыгъд та иннæ номыры ратдзынæн.














