Куыд рабæрæг, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæг æрыгæттæн сæ бон уыдзæн гранттæ райсыны уæрæсейаг проектты архайын. Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы разамонæджы хæдивæг Тыбылаты Алан куыд бамбарын кодта, афтæмæй хъуамæ фæсивæд раздæр æмбæлгæ ахуырад райсой.
Тагъд, сентябры, республикæйы сæмбæлдзысты Культурон хъæппæристы рæзты фонды кусджытæ. «Цалдæр фондимæ нæ ныхас дзæбæх рауад, уыдон нæм сæ минæвæртты æрæрвитдзысты. Нырмæ уал стыр проектыл кусæм Культурон хъæппæристы рæзты фондимæ. Нæ фæсивæды хъуамæ сахуыр кæнæм грант райсыны проекттæ цæттæ кæныныл», – загъта Тыбылайы-фырт.
Куыд ма фæбæрæг кодта, афтæмæй сæ фæнды ахуырадон центр «Сенеж»-мæ хуссарирыстойнаг лæппутæ æмæ чызджыты 10-15-æй арвитын, цæмæй уым ахуырадон программæйы бацархайой. Йæ хатдзæгмæ гæсгæ ахæм программæтæ хорз фæахъаз уыдзысты фæсивæдæн. Уæдæ республикæйы иумæйаг уавæрыл дæр фæбæрæг уыдзысты.
«Рес»














