Ос-Бæгъатыры цыртдзæвæн

0
78

Алайнаг фæстаг паддзах Ос-Бæгъатырæн (XVIII æнус) цыртдзæвæн сæвæрыны фæнд ис æхсæнадон архайæг, меценат, «Аланты Ныхас»-ы Мæздæджы районы хайады разамонæг Гуцаты Фридонмæ.

Хъæппæрис равдисæг куыд æмбарын кæны, афтæмæй хъуамæ адæм кад скæной кадæггон Ос-Бæгъатырæн. «Уый алайнаг адæмы хæдбардзинадыл, иудзинадыл тох кодта. Йæ бæрзонд культурæйыл, паддзахадон зондахастыл дзурæг сты йæ бастдзинæдтæ Римаг империимæ, Хадзайраг каганатимæ, Византиимæ. Цыртдзæвæнæй ахæм хæстон лæджы сурæт равдисын хорз фæахъаз уыдзæн, фыццагдæр, нæ фæсивæдæн. Нæ адæм цы фидар бындурыл лæууынц, нæ истори, нæ культурæ хъуамæ зоной», – зæгъы Гуцаты Фридон.

Нырмæ уал Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийæ цыртдзæвæн сæвæрыны тыххæй бардæттæг гæххæтт райстой. Нывгæнджыты цæдисы уал æрдзырдтой цыртдзæвæны проекты эскизты конкурсы тыххæй. Кæй бафæнда, уыдоны бон дзы бацархайын у. Конкурс уыдзæн 1 августæй 15 октябры онг.

Конкурсы оргкомитеты уæнгтæ сты горæты администрацийы минæвæрттæ, Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз, Национ музейы разамонæг Цуциты Аслан, хæрзаудæнгæнджытæ Гуцаты Фридон, Мæрзойты Тамерлан, Плиты Марат, Хапсæты Ирбег.

Ос-Бæгъатыры цыртдзæвæн сæвæрын фæнд кæнынц Балтамæ хæстæг, уый у Фæскавказмæ хонæг фæндаджы хай. Уырдыгæй-иу  Аланимæ æрбахызтысты знæгтæ, семæ-иу тохы бацыд Æхсæртæггаты хæдзарвæндаджы æвзыгъд Ос-Бæгъатыр.

 Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here