Реабилитацион центры уазæг – Сидахъаты Зауырбег

0
85

Рынчын сывæллоны уавæрыл, дохтыртæ æмæ иннæ специалистты рæдау æххуысæй уæлдай, æхсæнады зындгонд адæймагимæ фембæлд хуыздæрæрдæм цас ахады, уый зындгонд у. Уыцы æууæл зæрдыл даргæйæ, сахъат сывæллæтты реабилитацион центр «Феникс»-ы саразынц фембæлдтытæ хъуыстгонд адæймæгтимæ. Ацы хатт кусæндоны уазæг уыд олимпиаг чемпион СИДАХЪаТЫ Зауырбег.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, центры бæрны уæвæг сывæллæттæ стыр цымыдисдзинад равдыстой хъæбысæйхæцæгимæ фембæлдмæ. Æмæ куыннæ! Зауырбеджы ном зындгонд у спортуарзджытæн. Олимпиаг чемпион, дунейы æртæ хатты чемпион, Европæйаг хъæзтыты уæлахиздзау, Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер – æмæ йын йе ’ппæт хæрзиуджытæ æмæ кадджын нæмттæ нымад чи фæуыдзæн!

Сывæллæттæн зæрдæбын ныхас бацайдагъ Зауырбегимæ – уый сын радзырдта йæ тренировкæты фæткы, хъæбысæйхæцæн залмæ фыццаг къахдзæф куыд бакодта, уæлахизтæм куыд тырныдта æмæ тырны, алыхуызон фæлварæнтæ æмæ зындзинæдты сæрты куыд хизы, уыдæтты тыххæй. Уазæг бæстон дзуаппытæ ратта сывæллæтты фарстытæн дæр.

Зауырбеджы хъуыдытæ цымыдисаг уыдысты центры кусджытæн дæр. Иу ныхасæй, фембæлд рауад зæрдæмæдзæугæ, йæ архайджытæ дзы райгондæй баззадысты. Кæронбæттæны Зауырбег центры хъомылгæнинæгтимæ систа иумæйаг къам.

Ахæм фембæлдтытæ, æнæмæнг, ныфсы хос сты сахъат сывæллæттæн, сæ зæрдæты сын гуырын кæнынц зындзинæдтæм фæразондзинад, царды бæрзонддæр нысантæм тырнындзинад…

 Дмитрий Астахов

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here