РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО республикæйы Хицауады уæнгтæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад, национ проекттæ æмæ æндæр федералон программæты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл регион куыд кусы, ууыл.
Æмбырды райдайæны куыд загъдæуыд, афтæмæй 2025 азы фыццаградон национ проекттæ æххæст кæнынæн Цæгат Ирыстоны нысангонд цæуы 9,6 миллиард сомы бæрц (уыдонæй 7 миллиард сомæй фылдæр – федералон бюджеты фæрæзтæ). Уыцы æхцайæ арæзт æмæ бындурон цалцæггонд хъуамæ æрцæуой 111 ахсджиаг объекты.
Уыцы нымæцтæ æмæ нысантæ æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй национ проекттæ хорз бындур æвæрынц республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзтæн. «Уыдоны фæрцы лыггонд цæуынц бирæ социалон-экономикон фарстатæ, уыцы проекттæ ахъаз сты регионы адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн», – загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг.
Уый фæстæ профилон ведомствæты разамонджытæ докладтæ скодтой, амынд проектты уагæвæрдты бындурыл куыст куыд цæуы, фидаргонд пъланты къуыхцытæ ис æви нæ, уый тыххæй. Уыимæ, сæрмагонд æргом здæхт æрцыд, федералон структурæтимæ æмархайд цас æнгом у, уымæ дæр.
Бæлвырд программæтыл дзургæйæ, хорз бæрæггæнæнтæ къухы æфты, федералон проект «Æппæтфадатджын горæтаг алфамбылай»-ы уагæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ. Уыцы проекты фæлгæты ацы аз цалцæггонд цæуынц 40 æхсæнадон фæлладуадзæн тæлмы. Уыдоны рацарæзты графиктæ æххæстгонд цæуынц афойнадыл. Афæдзы кæронмæ нысангонд куыстытæн ныридæгæн сæ 40 проценты ахицæн кодтой.
Пъланы бындурыл куыст цæуы «Донивылдтытæ æмæ æндæр ахæм фæзындтытæй хъахъхъæнынад æмæ гидротехникон объектты æдасдзинад»-ы проектыл дæр. Уыцы программæйы фæрцы фидаргонд æрцæудзæн Бехъаны цады донуромæн Дзуарыхъæумæ ’ввахс та Фыййагдоны былгæрæттыл сараздзысты донивылдтытæй хъахъхъæнæн къултæ. Нысангонд куыстытæн сæ цæттæдзинад у 96 проценты бæрц.
Федералон проект «Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты социалон-экономикон райрæзт»-ы уагæвæрды бындурыл ивд цæуынц Алагиры районы цæрæн бынæтты (Мызуры, Садоны, Нузалы, Буроны, Уæллаг Зджыд æмæ иннæты) доны хæтæлтæ. Куыстыты цæттæдзинад – 94 процентæй фылдæр.
Ахæм ахадгæ куыст цæуы иннæ федералон проекттыл дæр. Уыдоны фæрцы арæзт æмæ цалцæггонд цæуынц ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, коммуналон хæдзарад æмæ иннæ къабæзты бирæ объекттæ.
Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло æппæт профилон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй нысангонд куыстыты цыдмæ дарддæр дæр уа бæстон цæстдард. Уыимæ, куыд загъдæуыд, афтæмæй кæцыдæр объекттыл куыстытæ сты фæхъомысджындæр кæнинаг. Уыдоны уавæрыл уыдзæн сæрмагонд ныхас.
СЛАНТЫ Аслан














