Сылгоймаг – цинелы

0
308

Хæсты коймæ нæ цæстыты раз сысты нæлгоймаджы фæлгонц, уымæн æмæ фылдæр уыдон тох кодтой алы хæстыты, фæлæ нæ хъæуы рох кæнын, Уæлахиз хæстæгдæр кæныны тохы  сылгоймаджы æвæрæн дæр кæй ис, уый.

Æдæппæтæй 1941-1945 азты хæсты архайдтой 1 милуанæй фылдæр сылгоймаджы. Ахæм нымæц никуыма уыдис тохы быдыры, адæймаг зæххыл кæдæй цæры, уæдмæ. Сылгоймæгтæ се ’фсæддон хæс æххæст кодтой медицинæйы, бастдзинады хайæдты, æфсæддон шофыртæй, артиллерийы, зенитон хæйтты, фистæгæфсæддон æмæ ма суанг танкты бригадæты дæр. Хæсты рæстæг ахæм æфсæддон дæсныйад нæ разынд, сылгоймæгтæ кæм нæ сарæхстысты. Æмæ алы ран дæр сæхи æцæг æнувыд патриоттæй равдыстой. Сæ æхсардзинад, ныфсхаст æмæ хъæбатырдзинады тыххæй 150 хæстон сылгоймаджы хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ ордентæй, 96 адæймаджы та систы Советон Цæдисы хъæбатыртæ. Сылгоймæгты хъайтар – сгуыхтдзинæдты фæдыл бирæ ис ныффыссæн, арфæйы аккаг ныхæстæ та – зын ссарæн.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты гермайнаг  фашистты стыр тас уагътой советон  сылгоймаг-тæхджытæ, æмæ сæ знаг хонгæ дæр кодта «ночные ведьмы». Æнæнхъæлæджы-иу кæцæйдæр фæзындысты, тыхджын цæфтæ-иу ныккодтой немыцæн  æмæ-иу  æрбатар сты. Æрыгон æмæ хæрзконд чызджытæ уæлдæфы æгъатырæй  дæрæн кодтой немыцаг  хæдтæхджыты. Уыцы æхсæвыгон «ведьмæтæй» иу уыд  ирон чызг Дауыраты Кириллы чызг Илитæ дæр. Хонгæ та йæ кодтой «Смелая Дика». Йæ хæрзиуджытæ йын банымайæн дæр нæй, уыйбæрц  сты.

Дауыраты Илитæ райгуырд Ламардоны 1919 азы. Райдайæн скъола каст фæуыны фæстæ куыста Сталины номыл колхозы, ссис звенойы раздзог, æмæ йæ Мæскуымæ Адæмон Хæдзарады равдыстмæ арвыстой, 1934 азы та,  куыд фæзминагдæр æмæ хуыздæр фæскомцæдисон, афтæ лагерь «Артек»-мæ. Уым фыццаг хатт базонгæ ис фидæны тæхæг Саламты Харитонимæ. Харитон радзырдта чызгæн йæ фæндтæ, тæхджыты скъоламæ ахуырмæ кæй фæнд кæны, уый тыххæй. 1939 азы Дауыраты Илитæйы Мæскуымæ арвыстой Зæххыты хъуыддæгты академимæ. Уым бацыд аэроклубмæ, æмæ йæ зæрдæйы ссыгъд бæллицы арт  тæхæджы дæсныйадмæ. Куыд хуыздæр  активисткæ, афтæ Илитæ æрвыст æрцыд Харьковы  авиацион училищæмæ. Æмæ та  йæ  хъысмæт ногæй баиу кодта Саламты Харитонимæ. Дыууæ æрыгон уды кæрæдзи бауарзтой æмæ сæхи чындзæхсæвмæ цæттæ кæнын райдыдтой. 1941 азы 22 июны Дауыраты Илитæ хъуамæ бакуывтаид Саламты хæдзармæ, фæлæ сын сæ амонд æрбайхæлдта хæст. Сæ чындзæхсæвæй афæндараст кодтой Харитоны, хæст куы фæуа, уæд, кæронмæ кæй ахæццæ кæндзысты сæ циндзинад, ахæм ныстуанимæ. Фæлæ нал æрыздæхт Харитон, уыцы аз Севастополы бынмæ æбæрæгæй фесæфт. Илитæйæн та хæст райдыдта Туапсейы бынмæ  хæдтæхджыты хайæ. Ацы ран райста йе ‘фсæддон фæсномыг «Дика» дæр. Хæдтæхæг У-2-ыл æххæст кодта Хъырымы йе ‘фсæддон хæс. Илитæ архайдта Севастополь знагæй бахъахъхъæныны тохы дæр. 1941 азы финаг кардæй кæй ахауын кодта, уыцы наз бæлас,  æрхъулайы цы денджызон горæт Севастополь бахауд, уый сæрмæ йæ бæрзонд  систа æмæ йæ ног азы бæрæгбоны арфæтимæ æрæппæрста цæрджытæм. Немыцæгтæ дзы тынг тарстысты. Æнцонтæй-иу сæ уæлдæфы акъуырдта, зæхмæ сæ æгъатырæй пиллонкалгæ æппæрста. Ахæм цау уыд, гермайнаг тæхджытæй иу æгæнон нæлгоймаг  уæларвон тыгъдады йæхи æгæр ныфсджын æмæ къæйныхæй кæй  дардта, æмæ йæ Илитæ акъуырдта. Хæдтæхæг æрхауд, фæлæ, йæ кабинæйы чи бадт, уыцы немыцаг цæфтæй аирвæзт. Куы федта, сылгоймаг тæхæг æй æрæппæрста, уæд йæ дисæн кæрон нал уыд, æмæ йын йæ сахат балæвар кодта. Илитæ хæстон тæхтытæ 81 акодта, фæлæ йæ 82 нал фæрæстмæ. Йæ хæдтæхæг ын знаг акъуырдта денджызы сæрмæ, фæлæ парашютæй рагæпп кодта. Донæй йæ сластой дæлдон-дзæуæг денджызонтæ. Фæлæ уазал доны фæстæ йæ рæуджытæ фæсахъат сты. Цалынмæ госпитæлы уыд, уæдмæ йын йе ‘фсæддон хай Азербайджанмæ аивтой. Куы сдзæбæх, уæд та Дауыраты хъæбатыр хæстоны снысан кодтой  3-аг  денджызон  полчъы 7 денджызон бригады сгарджыты ротæйы командирæй. Илитæйæн ацы хатт уæззау  цæф фæци  йæ сæр. Дохтыртæ йæ нал ауагътой тохы быдырмæ, æмæ 1944 азы таурæгъон тæхæг  Дика йæ фыдыуæзæгмæ æрыздæхт.

Саламты Харитонæй ницы хабар уыд, фæлæ Илитæ разы нæ уыд, фесæфт, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ. Хæст куы фæци, уæд Илитæйыл цыд 25 азы. Йæ цард æндæр лæппуимæ нал сбаста, æнхъæлмæ каст Харитонмæ, сау гæххæтт куы райстой, уæддæр. Хæсты фæстæ куыста «ОсоАвиахим»-ы, 1947  азы та  «Заготживсырье», зæгъгæ, къанторы директорæй, 1952 азы Илитæйы равзæрстой Коммунистон партийы Орджоникидзейы райкомы нымæрдарæй. 1966 азы уыд Камбилеевкæйы хъæусоветы æххæсткомы сæрдар. 1979 азæй фæстæмæ Дауыраты Илитæ цард Мæскуыйы æмæ йæ зæронды бонтæм дæр уыд Ворошиловы номыл адæмон  музейы сæйраг кусæг. Йæ цардæй ахицæн 1999 азы 1 ноябры,  ныгæд æрцыд йæ чысыл райгуырæн Цæгат Ирыстоны Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы. Йæ ном хæссынц Фарн, Камбилеевкæ, Иры уынгтæ. Фарныхъæуы ма, Дауыраты Илитæйы номыл цы аллей ис, уым байгом кодтой скульптурон композици дæр, дæлстанцæ «Ирыстон»-æн дæр раттой йæ ном. Фыссæг Дзаттиаты Тотырбег йæ уацау «В воздухе осетинка» ныффыста Илитæйы кадæн, уырыссагмæ тæлмацæй та 1978 азы  мыхуыры рацыд сæргонд «Дика»-имæ. Дауыраты Илитæйы ном æнусон у ирон адæмæн. Ирон æвзаджы урокты йын йæ хъæбатырдзинады хабæрттæ  алы ахуыргæнæг дæр скъоладзаутæн  ракæны.

Гергарт Надель,

мемориалон музей «Холокост»-ы директор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here