Нар æмæ Хилак – уæлдай бæстон хъахъхъæнинаг фæзуæттæ

0
259

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО профилон республикон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй Алагиры районы Нар æмæ Хилачы æвæрд æрцæуа уæлдай бæстон хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуæтты уагæвæрд.

Республикæйы Сæргълæууæджы уыцы амынддзинадыл комкоммæ бæрнон уыдзысты Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы æмæ Паддзахадон исбонады министрадтæ. Уыимæ, Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы хъуыддаджы фæдыл æппæт организацион фарстатæ дæр хъуамæ лыггонд æрцæуой цыбырдæр æмгъуыдтæм, хъæугæ финансон фæрæзтæ дæр хъуамæ Хицауад бацагура.

Регионы разамонæг зæрдыл æрлæууын кодта, Нары дæр цæугæдоны былгæрæттæм ’ввахс иуæй-иу зæххы хæйттæ уæрст кæй æрцыдысты, уый. «Нары бакодтам зынгæ цалцæггæнæн куыстытæ, сарæзтам дзы зæрдæмæдзæугæ æхсæнадон фæлладуадзæн фæзуат. Уыцы рацарæзты куыстыты агъоммæ кадастрон картæмæ куы ‘ркастыстæм, уæд рабæрæг, цæугæдоны алыварс зæххытæ дæр кæддæр уæрст кæй æрцыдысты, уый. Цæмæй дарддæр афтæ мауал уа, уый тыххæй уыцы бынаты æрæвæрын хъæуы уæлдай бæстон хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуаты статус. Æндæр тæссаг у, Нарæй дыккаг Уæллаг Фыййагдон йæ бирæ хæдзæрттæ, дачæтæ æмæ æндæр арæзтæдтимæ куы рауайа, уымæй. Уыимæ, сбæлвырд кæнын хъæуы, Нары зæххытæ куыд байуæрстой, уыцы хъуыддаг дæр. Кæд дзы æнæзакъон уынаффæтæ разына, уæд гæххæттытæ – Прокуратурæмæ», – бацамыдта Сергей Меняйло.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ахæм барадон уагæвæрд хъуамæ фидаргонд æрцæуа Хилачы дæр. Уый фæрцы уыцы бынат фидæны хъахъхъæд æрцæудзæн æрзæткъахæнты куыст рапарахат кæнынæй. «Хилак æмæ йæ алыварс зæххытыл хъуамæ расидæм регионалон нысаниуæджы уæлдай бæстон хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуаты фæтк. Хилачы цы æрдзон згъæрты æвæрæнтæ ис, уыдоны бындурыл æрзæткъахæн куыстад рапарахат кæныны тыххæй ныхæстæн хъуамæ кæрон æвæрд æрцæуа. Уымæн та ахъаз уыдзæн уæлдай бæстон хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуаты статус», – загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы Æрдзон фæрæзтæй пайда кæныны фарстаты фæдыл федералон департамент расидт аукцион Хилачы сыгъзæрин згъæрты гуырæнтæ къахынмæ бавналыны тыххæй. Фæлæ фæстæдæр Сергей Меняйлойы курдиатмæ гæсгæ, уыцы аукцион ивд æрцыд. Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады специалистты хатдзæгмæ гæсгæ, сыгъзæрины гуырæнтæ ракъахын æмæ ахæм хомагыл куыстад байгом кæныны хъуыддаг æвзæрырдæм сахаддзæн алфамбылай фæзуæтты экологон уавæрыл.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here